Театралон фестивалы Гран-при райста "Ирон чызджы монолог"

© Sputnik / Плиты ФатимаТеатралон фестиваль Цхинвалы
Театралон фестиваль Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕдӕгай курдиатджын скъоладзауы сӕхи фӕлвӕрдтой актеры дӕсниады, уыдонӕн сӕ фылдӕр стыр сценӕмӕ рахызтысты фыццаг хатт. Фестивалы ӕппӕт хайадисджыты дӕр хорзӕхджын ӕрцыдысты бузныджы гӕххӕттытӕй ӕмӕ грамотӕтӕй.

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы цытджын гала-концертӕй сӕхгӕдтой фестиваль "Театралон дæсниад", хуыздӕр коллективтӕ ӕмӕ ӕрыгон курдиатджын актертӕн радтой хорзӕхтӕ.

Хуссар Ирыстоны скъоладзаутӕ радтой фӕлварӕн аивадон дӕсниадмӕ. Сӕдӕгай ӕвзонг чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ фыццаг хатт бафӕлвӕрдтой сӕхи актеры дӕсниады ӕмӕ рахызтысты стыр сценӕмӕ.

Жюрийы уӕнгтӕ иууыл хуыздӕр спектаклыл банымадтой Цхинвалы 11-ӕм скъолайы бацӕттӕгонд ӕрмӕг. Ахуырдзаутӕ сӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Таугазты Дзерассӕимӕ сӕвӕрдтой Галуанты Людӕйы ӕмдзӕвгӕ "Ирон чызджы монолог"-мӕ гӕсгӕ чысыл спектакль ӕмӕ райстой фестивалы Гран-при. Пьесӕйы архайдта Плиты Ланӕ дӕр, уый ивгъуыд аз та ссис курдиатджын сывӕллӕтты конкурс "Стъалыты ферттывды" уӕлахиздзау.

"Тынг фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ фестиваль. Ӕмдзӕвгӕйӕ сарӕзтам спектакль ӕмӕ нын ӕй банымадтой хуыздӕрыл. Уый нын уыд тынг ӕхсызгон, ӕмӕ ныр иннӕ хатт архайдзыстӕм ноджы зӕрдиагӕйдӕр", — загъта Ланӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимаТеатралон фестиваль Цхинвалы
Театралон фестиваль Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театралон фестиваль Цхинвалы

Хуыздӕр сылгоймаджы ролыл нымад ӕрцыд Знауыры скъолайы ахуырдзау Къуылыхты Аннӕ, кӕцы сӕххӕст кодта Азауы фӕлгонц. Хуыздӕр нӕлгоймаджы фӕлгонц та спектакль "Сӕтти ӕмӕ Бӕтти"-йы сӕххӕст кодта 1-ӕм скъолайы ахуырдзау Дыгъуызты Гарик.

Уымӕй дарддӕр ма фестивалы схорзӕхджын кодтой хуыздӕр актерон ансамбль, хуыздæр дарæс, сценографи ӕмӕ ӕндӕр номинациты уӕлахиздзауты, афтӕ ма лӕвӕрд ӕрцыдысты сӕрмагонд призтӕ дӕр.

© Sputnik / Плиты ФатимаТеатралон фестиваль Цхинвалы
Театралон фестиваль Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театралон фестиваль Цхинвалы

Фестивалы ӕппӕт хайадисджыты дӕр хорзӕхджын ӕрцыдысты бузныджы гӕххӕттытӕй ӕмӕ грамотӕтӕй. Фидӕны стъалыты хорзӕх кодтой драмон театры артисттӕ ӕмӕ аивады сгуыхт архайджытӕ.

Ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны скъолаты конд ӕрцыдысты театралон кружоктӕ. Алы скъолайы дӕр курдиатджын фӕсивӕдимӕ кусынц аивады фадыджы специалисттӕ, фылдӕрбӕрцӕй драмон театры артисттӕ. Фӕсивӕды архайдӕн аргъ кодтой жюрийы уӕнгтӕ — РХИ сгуыхт артист Пӕррӕстаты Дмитрий, РХИ сгуыхт нывгӕнӕг Ӕлборты Ӕхсӕртӕг, музыкалон скъолайы директор Гӕджиты Жанеттӕ ӕмӕ "Симд"-ы солисткӕ Хуыгаты Олеся.

© Sputnik / Плиты ФатимаТеатралон фестиваль Цхинвалы
Театралон фестиваль Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театралон фестиваль Цхинвалы

Жюрийы сӕрдар Пӕррӕстаты Дмитрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фестиваль равдыста, Ирыстоны аивадӕн райдзаст сомбон кӕй ис.

"Ӕртӕ боны дӕргъы цӕхӕртӕ калынц нӕ чысыл актертӕ ӕмӕ мӕ фидарӕй бауырныдта, ирд сомбон кӕй ис нӕ аивадӕн", — загъта уый.

Мадзал ацыд РХИ фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты хъæппæрисæй, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры труппӕйы æмæ ахуырады министрады æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0