Ног азмӕ Цхинвалы цалцӕг ӕрцӕудзысты ноджы дыууӕ сабидоны

© Sputnik / Виталий Безруких /  Ахизын медиабанкмæНог азмӕ Цхинвалы цалцӕг ӕрцӕудзысты ноджы дыууӕ сабидоны
Ног азмӕ Цхинвалы цалцӕг ӕрцӕудзысты ноджы дыууӕ сабидоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы хӕрзарӕзт сабидӕттӕм ма бафтдзӕн ноджы дыууӕ. Гафӕзы ӕмӕ Хъайтарты уынгтыл сабидӕттӕ ног азмӕ ӕрцӕудзысты цалцӕг ӕмӕ райсдзысты 300 сывӕллоны онг.

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik. Цхинвалы азы кӕронмӕ цалцӕг ӕрцӕудзысты дыууӕ сабидоны, кӕцытӕ арӕзтадон куыстыты фӕстӕ уӕлӕмхасӕй райсдзысты ноджы 300 сабийы, фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны ныр цалдӕр азы дӕргъы цалцӕг, науӕд та бындуронӕй арӕзт цӕуынц сабидӕттӕ, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, горӕты сӕдӕгай сабитӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ радтӕм.

Гафезы уынгыл сабидон хъыгдард ӕрцыд 2008 азы хӕсты рӕстӕджы. Фӕстӕдӕр ӕй бафӕлвӕрдтой сцалцӕг кӕнын, фӕлӕ куыстытӕ кӕронмӕ нӕ фесты. Ахӕм ӕдзӕллаг уавӕры ис Хъайтарты уынгыл сабидон дӕр.

"Ныр Цхинвалы администрацийы фӕрцы уыдон ӕрцӕудзысты цалцӕг. Сабидӕттӕ куы скусой, уӕд райсдзысты 300 сывӕллоны онг. Кусджытӕ архайынц бӕстыхӕйтты агъуыстытӕ ӕмӕ рудзгуытӕ раивыныл, сӕвӕрдзысты хъармгӕнӕн системӕтӕ", — банысан кодта мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

Гафезы ӕмӕ Хъайтарты уынгтыл сабидӕттӕ арӕзт цӕуынц горӕты администрацийы цӕрӕнуатон —коммуналон хӕдзарады тыхтӕй. Дыууӕ сабидоны дӕр куыстытӕ хъуамӕ фӕуой ног азы ӕрбалӕудмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0