Гергиты Валерий: Путины ныстуанмӕ гӕсгӕ 2016 расиддзысты Прокофьевы азӕй

© Пресс-служба посольства РЮО в РФГергиты Валерий
Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гергиты Валерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, инициативӕ фыццаг раразмӕ кодта Уӕрӕсейы президент Владимир Путин.

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik. Мариинаг театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг ӕмӕ директор Гергиты Валерий фехъусын кодта, Уӕрӕсейы президент Владимир Путин кӕй раразмӕ кодта инициативӕ 2016 аз расидын композитор Сергей Прокофьевы азӕй.

"Ӕрбалӕугӕ аз стыр уырыссаг композитор Прокофьевыл ӕххӕст кӕны 125 азы. Уый уыдзӕн концертон сценӕты фысым канд Мариинаг театры ӕмӕ Петербурджы нӕ, фӕлӕ ма Мӕскуы ӕмӕ Владивостокы дӕр", — загъта уый журналисттӕн.

Гергиты Валерий ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы инициативӕ фыццаг размӕ кодта Уӕрӕсейы президент.

"Уый уыд Владимир Путины идейӕ. Ӕз ыл канд разы нӕ дӕн, фӕлӕ ма дзы стыр бузныгӕй дӕр баззадтӕн", — банысан кодта дирижер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, музыканттӕ ӕмӕ артисттӕ цӕттӕ кӕнынц сӕдӕгай ралӕудтӕ дунейы бирӕ горӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0