Кæй фæуыдзысты æнæхицау фатертæ Цхинвалы центры?

© Sputnik / Мария КотаеваКæй фæуыдзысты æнæхицау фатертæ Цхинвалы центры?
Кæй фæуыдзысты æнæхицау фатертæ Цхинвалы центры? - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тæрхондонон приставтæ бафæлвæрдтой Пушкины уынгыл бирæуӕладзыгон хæдзары фатертæ чи бацахста, уыдон расурын. Фæлæ сæ къухы ницы æнтыстытæ бафтыд.

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвалы, Пушкины уынгыл элитон хæдзары фатертæ æнæзакъонæй цы бинонтæ бацахстой, уыдон æртыццæджы не сразы сты тæрхондонон приставты домæныл, цæмæй ссæрибар кæной фатертæ.

Æмбæлон акттæ саразыны фæстæ приставтæ ацыдысты. Пушкины уынгыл бирæфатерон хæдзары æртыккаг уæладзыгыл цыппар фатеры æнæзакъонæй бацахстой хæдзæрттæ кæмæн нæй, ахæм бинонтæ.

Харебаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгонд хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд цӕрой, кӕм цӕрой?

Бинонты уæнгтæ сты барадхъахъхъæнæн органты кусджытæ æмæ сæ архайдтыты æнæзакъондзинад хорз æмбарынц. Уымæ гæсгæ цæттæ сты ардыгӕй ацæуын, кæд сын хицауад æндæр цæрæнуæттæ рахицæн кæна, уæд.

Лохты æмæ Санахъоты бинонты хъуамæ ссæрибар кодтаиккой фатер æртыццæджы, уымæн æмæ "Мидхъуыддæгты министрад фатертæй иу хъуамæ балæвар кодтаид уæгъдибар хъæбысхæстæй тренер Коцты Тамерланæн, Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæджы лæппуйы хорз кæй бацæттæ кодта, уый тыххæй".

Сылгоймӕгтӕ слæууыдысты хæдзармæ иунæг бацæуæны раз, цæмæй ма бауадзой приставты. Нæлгоймæгтæ фæлвæрдтой семæ сабырæй баныхас кæнын. Цæрджыты фарс рахæцыны нысанæн ардæм æрбамбырд сты сæ хæстæджытæ, æмкусджытæ æмæ æмбæлттæ.

"Кæдæм ацæуæм? Цас рæстæг ма хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй нын рахицæн кæной хæдзæрттæ? Ис нын æртæ сывæллоны, кæстæрыл цæуы иу аз. Мах ардыгæй никуыдæм ацæудзыстæм, приставтæ ацы хæдзармæ нæ бацæудзысты. Хицауад та лæвар кæнæд фатертæ Мæскуыйаг микрорайоны, цыран бирæ коттеджты абоны онг нæй цæрджытæ. Мах ардыгæй нæ ацæудзыстæм", — хъæр кодтой мæсты цæрджытæ.

Приставтæ æмбарын кодтой, кæй æххæст кæнынц тæрхондоны уынаффæ.

"Хæстон архæйдтыты рæстæджы хицауады хъæуынц райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынæн, фæлæ уый фæстæ рохуаты аззайынц — хæдзæрттæ дæр сæм не мбæлы. Махæн загътой, фатертæй иу Мидхъуыддæгты министр кæй хъуамæ балæвар кæна тренер Коцты Тамерланæн. Йæхи дзыппæй аразæд ахæм лæвæрттæ, æмæ бирæ æзты æнæ къуымæй цы бинонтæ рахау-бахау кæнынц, уыдонæй та мауал хынджылæг кæнæд. Нæ хорз цардæй нæ бацахстам ацы хæдзæрттæ. Радтæд нын æмбæлон цæрæнуаттæ, æмæ уыцы тæккæ ссæрибар кæндзыстæм афтæ хуыйнæг элитон хæдзар", — дзуры цæрджытæй иу.

Сæ хъæбулы хъæбулты расурынæй бахъахъхъæныны тыххæй ардæм æрбацыдысты сæ дадатæ дӕр.

"Ис нын фæйнæ æртæ хъæбулы хъæбул. Æмæ никæй бауадздзыстæм уыдоны зымæджы къæсæрыл уынгмæ расурын. Æмбарæм æй, нæ сывæллæттæ ам æнæзакъонæй кæй цæрынц, фæлæ уыдон бирæ рæстæг уыдысты фыццæгтæ хæдзар райсыны тыххæй рады. Æппынфæстаг, кæм ис хуымæтæг адæймагдзинад?",- дзырдтой мæсты активон дадатæ.

Хæдзæрттæ æнæзакъонæй цы цæрджытæ бацахстой, уыдон хатыдысты алыгъуызон инстанцтæм, цæмæй сын рахицæн кæной паддзахадон цæрæнуат æмæ уæд ссæрибар кæндзысты Пушкины уынгыл хæдзары фатертæ.

Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзары цӕрджытӕ ӕхсӕвӕй- бонӕй цӕрынц тасы бын

2008 азы Пушкины уынгыл æхсæзфатерон хæдзар цъыбыртты сыгъд бацис. Ногарæзт хæдзары æхсæз фатеры бæсты сарæзтой 11 фатеры. Уæллаг уæладзыгыл фатертæ хъуамæ лæвæрд æрцыдаиккой экс-президент Кокойты Эдуарды сæрмагонд хъахъхъæнынады кусджытæн. Уый зыдтой паддзахадон хъахъхъæнынады кусджытæ дæр æмæ нардуатон организаци дæр. Фæлæ, цалынмæ хæдзар эксплуатацимæ лæвæрд цыд, уæдмæ республикæйы хицауад фæивта, падзахадон хъахъхъæнынады кусджытæй дыууæйæ фæмард сты, æмæ юридикон æгъдауæй сæ хицæуттыл цы фатертæ не ‘рцыдысты фидаргонд, уыдон "аззадысты уæлдæфы". Афтæ, афтид "никæй" хæдзæрттæ бацахстой дæргъвæтин рæстæджы арендæйы ист хæдзæртты чи цард, кæнæ та августы агрессийы рæстæджы сæ хæдзæрттæ цы бинонтæн басыгъдысты, уыдон.

2013 азы горæты тæрхондон рахаста уынаффӕ, цæмæй Цхинвалы æнæзакъонæй цæрæнуӕттæ чи бацахста, уыдон ссæрибар кæной фатертæ. Фæлæ ацы уынаффæ абоны онг дæр æххæст нæма æрцыд. Фатерты æнæзакъонон æгъдауæй цæрæг адæм фæнд кæнынц фидарæй лæууын кæронмæ. Ацы фатертæм ма претензитæ хæссынц экс-президент Кокойты Эдуарды сæрмагонд хъахъхъæнынады фæмардуæвæг кусджыты бинонтæ дæр, кæцытæ цæрынц Цæгат Ирыстоны, фæлæ арæх æрцæуынц сæ "хæдзæртты" уавæр бабæрæг кæнынмæ. Ацы хицæуттæн ис ныхасæй бадзырд ныры цæрджытимæ, кæцымæ гæсгæ, куыддæр ныры цæрджытæн хицауад рахицæн кæна хæдзæрттæ, афтæ ссæрибар кæндзысты фатертæ. Фæлæ фарст — кæд, кæмæн æмæ кæм рахицæн кæндзæн паддзахад цæрæнуæттæ — нырма скъуыддзаг нæу.

Ног хабӕртты лентӕ
0