ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг базæйы снайпертæ æрæвнæлдтой æхсæн тренировкæтæм, фехъусын кодтой майрæмбоны Sputnik Хуссар æфсæддон зылды (ХÆЗ) пресс-службæйы.
Фæззæджы кæмæ æрсидтысты æфсæддон службæмæ, уыцы æрыгон снайпертæ спецкурсы рæстæджы ахуыр кæнынц мæнг æхсæн позицитæ аразын, цæмæй ныхмæлæууæджы бафтауой рæдыды, сусæгæй бындурон позицимæ бацæуын, ныхмæлæууæгимæ æнæнхъæлæджы фембæлды рæстæджы бамбæхсын.
"Фæлтæрд инструктортæ ауадздзысты ахуыртæ нысæнтты классификаци æмæ æхст корректировкæйы фæдыл, бацамондзысты цæстдарыны бонон æмæ æхсæвыгон гарзæгты тактикæ æмæ теори", — банысан кодта зылды минæвар.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, тренировкæты рæстæджы уæлдай хъусдард здæхт цæудзæн снайперты архæйдтытæн уæлхох бынаты, цыран сæ сахуыр кæндзысты дæлхæйтты æмæ къордты сконды архайын. Сæ разы æвæрд ис нысан, цæмæй ныхмæлæууæгæн бакæной максималон зиан æмæ йын æрæхгæной фæстæмæ ацæуыны фæндаг.