ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы банысан кӕндзысты гениалон ирон ахуыргонд, ӕвзагзонӕг Абайты Уассойы 115 азы юбилей. Бӕрӕгбонон мадзӕллтӕ райдайдзысты номдзыд ахуыргондӕн Цхинвалы йӕ цырты цур, радзырдта Sputnik Уасойы ахуыргӕнинаг, ӕвзагзонӕг Битарты Зоя.
"Ам Иры интеллигенци ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ сывӕрдзысты дидинтӕ ӕмӕ ауаддзысты чысыл митинг. Уый фӕстӕ Уасойы цард ӕмӕ зонадон куыстыл ӕрдзурдзыстӕм зонадон-практикон конференцийы", — банысан кодта уый.
Битарты Зояйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, конференцийы докладтӕ бакӕсдзысты ХИПУ-йы истори ӕмӕ этнологийы хайады хистӕр, профессор Гаглойты Юрий, ирон ӕвзаджы кафедрӕйы гӕс, доцент Дзиццоты Юрий ӕмӕ ӕвзагзонӕг, профессор Битарты Зоя. Уымӕй дарддӕр ма ӕрӕмбырдуӕвджытӕ радзурдзысты Уасойы тыххӕй сӕ мысинӕгтӕ.
Афтӕ ма 18 декабры юбилейы цытӕн сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны ацӕудзӕн интеллектуалон хъазт "Уасойы фӕдонтӕ".
Мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцӕудзысты оргкомитеты хъӕппӕрисӕй, йе сконды сты Уанеты Захары номыл Зонад-Иртасӕн институты коллектив, культурӕйы ӕмӕ ахуырады министрӕдтӕ.
Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 15 декабры. Йӕ бирӕнымӕц бындурон куыстыты ӕхсӕн уӕлдай рахицӕнгӕнинаг у "Ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуат", цыран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ.
Ирзонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр.