Гугкаты Эвелинæ: актрисæ цы рольтæм фæбæллы, уыдон иууылдæр сæххæст кодтон

© Sputnik / Фото из архиваГугкаты Эвелина æмæ Кокойты Мэльс
Гугкаты Эвелина  æмæ Кокойты Мэльс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Леди Макбеты роль ссис триумфалон Гугкаты Эвелинæйæн æмæ фæстаг роль, кæцы сæххæст кодта хуссарирыстойнаг театры сценæйыл.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Гугкаты Эвелинæ йæ царды фылдæр хай снывонд кодта театрæн. 50 азæй фылдæр уымæн йæ дæсниад цӕхæртæ калдта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценæйыл, сæххæст кодта сæдæгай рольтæ æмæ сарæзта бирæ ирд фæлгонцтæ. Sputnik уацхæссæгимæ актрисӕ æрдзырдта йе сфæлдыстадыл, цымыдисон адæмыл, йæ цардыл.

Ныхасы райдайæны Эвелинӕ æнæкъæмдзæстыгæй бафиппайдта:"Цæуы мыл 80 азы æмæ дзы 55 аз снывонд кодтон театрæн".

© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Гугкаты Эвелинæ
Народная артистка Южной Осетии Эвелина Гугкаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Гугкаты Эвелинæ

Йæ театралон фæндаг райдыдта 50-æм азты æмбисы, МХАТ-ы цур Немирович-Данченкойы номыл скъола-студимæ куы бацыд, уæд.

"Никуы хъуыды кодтон актрисæ суæвын. Чысылæй мæ фæндыд тæхæг суæвын, схъомыл дæн хъæуы æмæ æппындæр нæ тарстæн бæрзæндæй. Афтæ мæм кастис, уый фаг уыдзæн мæ бæллицц сæххæст кæнынæн", — мидбылхудгæйæ дзуры Эвелинæ.

Скъола каст куы фæци, уæд аскъуыддзаг кодта бынæттон медицинон ахуыргæнæндонмæ бацæуын ахуырмæ, фæлæ йын иу балл не сфаг. Раст уыцы рæстæг Цхинвалмæ æрцыд уæрæсейаг режиссерты къорд, театралон дæсниады йæ тыхтæ бавзарын бафæлвæрдта Гугкаты Эвелинæ дæр.

"Бацыдтæн, радзырдтон æмдзæвгæйы скъуыддзаг — экзаменгæнджыты зæрдæмæ нæ фæцыдтæн. Мæнмæ та фæкаст, æз кæй бакастæн гениалонæй, фæлæ мæ нæ бамбæрстой. Разылдтæн æмæ рацыдтæн. Уайтагъд мæм бахатыдысты, цæмæй раздæхон æмæ ма иухатт бакæсон æмдзæвгæ. Ацы фæлварæн æнтыстджынæй ахызтæн, фæлæ æртыккаг турмæ не ‘рбацыдтæн. Уый фæстæ базыдтон, уæддæр мæ кæй айстой", — мысы актрисæ.

Цалдæр мæйы фæстæ Мæскуымæ ныццыд, кæцы фыццаг æппындæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, радта фæлхаттон фæлварæнтæ ӕнтыстджынӕй, ӕмӕ загъта, фæстæмæ кæй цæуы.

"Экзаменгæнджытæ сæ худынæй нал лæууыдысты", — дзуры уый.

Æрлæууыд Мæскуыйы æмæ иу хатт дæр йæ равзæрстыл нæ фæфæсмон кодта. Йæ ӕмкъурсонтæ уыдысты Владимир Высоцкий, Александр Лазарев, Жанна Прохоренко, Вячеслав Невинный, Альберт Филозов, æмдзæрæндоны цард Майя Полянская æмæ Нина Усатоваимæ иу хатæны.

"Семæ мын æмгардзинад нæ уыд, фæлæ ирæттæн аргъ кодтой, мах та — ирон чызджыты хуыдтой ирон моладзандон", — дзуры Эвелинæ.

Уайтагъд ссис ахуыргæнджыты уарзон ахуыргæнинаг, лæвæрдтой йын сæйраг рольтæ. Фидӕны артисттæн сæрибар рæстæг æппындæр нæ уыд.

"Уыдис нæм тынг карз дисциплинæ, æрæджы кæнын нæ уыд гæнæн. Иу хатт ферæджы кодтон æмæ мын мæ стипенди бауромдзысты, уый тасæй араст дæн Склифосовскийы номыл рынчындонмæ æмæ сæфсон кодтон, зæгъгæ, мæ куырм тъанг риссы. Анализтæ мын куы сарæзтой æмæ æнæниз куы разындтæн, уæд мæ хъуамæ рарвыстаиккой. Фæлæ æз нæ рацыдтæн, цалынмæ мын операци нæ сарæзтой", — мысы Гугкаты Эвелинæ.

© Sputnik / Фото из архиваГуккаты Эвелина уайтагъд ссис ахуыргæнджыты уарзон ахуыргæнинаг, лæвæрдтой йын сæйраг рольтæ
Эвелина Гугкаева в спектакле Ночь лунного затмения - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуккаты Эвелина уайтагъд ссис ахуыргæнджыты уарзон ахуыргæнинаг, лæвæрдтой йын сæйраг рольтæ

Уыцы рæстæджы йæ агурынмæ растадысты йе ‘мбæлттæ æмæ ахуыргæнджытæ — чызг æмдзæрæндонæй рацыд, театрмæ нæ фæхæццæ — ничи йæ зыдта, цы фæци.

"Цалынмæ мæхимæ не ‘рцыдтæн æмæ нæ загътон, цæмæй фехъусын кæной рынчындоны кæй дæн, уæдмæ мæ агуырдта милици. Æнæхъæн къурс мæм бацыд рынчынфæрсæг. Уыйбæрц мæ фæхудын кодтой æмæ мæ хуыдтытæ сыхæлдысты", — дзуры актрисæ.

1961азы Хуссар Ирыстоны театр æмбæлд æрыгон сменæйыл — Немирович-Данченкойы номыл скъола-студийы рауагъдонтыл. Гугкаты Эвелинæимæ театрмæ æрбацыдысты Годжысаты Исак, Абайты Маирбег, Бекъойты Георгий, Галуанты Людмилæ, Еналдыты Вахтанг. Уыдон иууылдæр ссисты театры æххæстбарджын уæнгтæ. Ацы рæстæг артисткæ нымайы ирон театры "сыгъзæрин рæстæгыл".

МХАТ-ы скъолайы рауагъдонтæ æрластой Мæскуыйæ цалдæр спектаклы æмæ сæ Гугкаты Эвелинæ алкæцыйы дæр ахъазыд сæйраг ролтæ. Йæхæдæг дæр сæвæрдта цалдæр спектаклы æмæ иууылдæр ацыдысты аншлагимæ.

© Sputnik / Фото из архиваЭвелина йæхæдæг дæр сæвæрдта цалдæр спектаклы æмæ иууылдæр ацыдысты аншлагимæ
Эвелина Гугкаева в главной роли в спектакле Требуется лжец - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эвелина йæхæдæг дæр сæвæрдта цалдæр спектаклы æмæ иууылдæр ацыдысты аншлагимæ

Актрисæйы уарзондæр роль — паддзах-сылгоймаг Гертрудæ спектакль "Гамлет"-ы, кæцы аншлагимæ ацыд 28 хатты.

Иууыл зындæр æмæ сæйрагдæрыл нымайы спектакль "Леди Макбет"-ы роль. Театралон аивады табугæнджытæй йæ бирæтæ абоны онг дæр нымайынц иууыл хуыздæр леди Макбетыл. Ацы роль ын æрхаста Шекспиры номыл æхсæнадæмон конкурсы лауреаты ном.

"Уый уыд иууыл вазыгджындæр роль. Афтæ тынг бацыдтæн ролы æмæ иу мын галлюцинацитæ райдыдтой", — мысы актрисæ.

Уый уыд йæ фæстаг роль хуссарирыстойнаг театры сцæнæйыл пенсийы ацыды размæ.

Абоны хуссарирыстойнаг сценæйыл дзургæйæ, уый загъта, театры труппæйы хъазты, столицæйон театртау, кæй ис цавæрдæр æнæхъоладзинад æмæ æнæмæтдзинад, нæ йын фаг кæны серьезон куыстытæ.

"Нæй дзы хорз режиссерон къух, уый æмрæстæджы актертæ сæхæдæг сты тынг курдиатджын. Аивадон къухдариуæггæнæг хъуамæ æмбара, актер кæй у театры иууыл сæйрагдæр механизм. Фæлæ актертæ, цæлхдуртæм æнæкæсгæйæ, аразынц æппæтдæр, цæмæй сценæмæкæсджыты фыдæнхъæл ма кæной", — банысан кодта Гугкаты Эвелинæ.

Уый алкæцы куыстмæ нæ хауы. Иууыл хуыздæр спектаклыл актрисæ нымайы "Ныййарӕджы кадӕг", цыран ирдæй ахъазыд Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Галуанты Людмилæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый уыд режиссер Дзуццаты Тамерланы ныфсхаст къахдзæф.

Эвелинæйы хъуыддаг йæ сывæллæттæй ничи адарддæр кодта, уый никæмæн радта бар йæ цард театрæн снывонд кæнын.

"Уый зын цард у. Актрисæ нæдæр æмкъай у, нæдæр мад — уый чындзыцыд у театрæй. Дыгай мæйтæ-иу гастролты уыдтæн, мæ сывæллæтты уынгæ дæр нæ кодтон. Мæ фыццаг сывæллоны арынмæ дæр сценæйæ ацыдтæн", — худы уый.

Сценæ мысы æви нæ, уыцы фарстæн фидарæй дзуапп дæтты, зæгъгæ "нæ", алцæмæн дæр ис йæхи рæстæг, рæстæгыл хъæуы æрлæууын дæр.

"Сæххæст кодтон, актрисæ цы рольтæм фæбæллы, уыдон иууылдæр. Ахъазыдтæн классикæ иууылдæр, рагон литературæ, ирон классикæ, цы ма æрымысон? Абон афтæ нал ахъазин, энерги æндæр у, сценæ та домы бирæ физикон тыхтæ, цæмæй искæй цард ахъазай. Æз райгонд дæн, цы мын бантыст саразын, уымæй", балхынцъ кодта Гугкаты Эвелинæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0