ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Къуаисайы байгом уыдзæн ног рынчындон. Аразджытæ хъавынц рынчындоны ног корпус эксплуатацимæ раттын 20 декабрмæ, фехъусын кодта Æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министр Григорий Кулиджанов.
Къуаисайы 30 азæй фылдæр рынчындон уæвынад кодта раздæры уазæгдоны æрдæгпырхытæ бæстыхайы дыккæгæм уæладзыгыл, цыран бынтондæр ницы уавæртæ уыд пациентæн æмбæлон хос кæнынæн.
"Арæзтад цæуы рæвдз темптæй, куыстытæ сты гъæдджын. Аразджытæ ныфс æвæрынц, ног рынчындоны иууæладзыгон бæстыхай эксплуатацимæ лæвæрд кӕй æрцæудзæн 20 декабрмæ", — загъта Кулиджанов.
Министры ныхæстæм гæсгæ, ног рынчындонæн æлхæд æрцыд ног медицинон ифтонггарз.
"Рынчындоны райсæн уыдзæн консультаци терапевтæй, педиатрæй, гинекологæй ӕмӕ кардиологæй. Рог цæфтимæ рынчынтæн фадат уыдзæн баххуыс кæнын бынаты. Серьезон хирургион æххуыс куы хъæуа, уæд ын, кæй зæгъын æй хъæуы, медицинон æххуыс бакæндзысты республикон рынчындоны", — радзырдта уый.
Кулиджанов ма фехъусын кодта, ныртæккæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад кæй хъуыды кæны Къуаисайы стоматологон кабинет бакæныныл.
Рынчындоны арæзтад райдыдта ацы аз. Объекты куыстытæ æххæст кодта къуаисайаг арæзтадон фирмæ. Бынæттон цæрджытæ, рынчындоны æнæмæнгхъæуæгдзинад хынцгæйæ, сæ разы æвæрд хæслæвæрдмæ бавнæлдтой уæлдай бæрнимæ.