Хуссар Ир нысан кӕны Абайты Уасойы 115 азы юбилей

© Sputnik / Плиты ФатимаАбайты Уасойы цыртмӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ
Абайты Уасойы цыртмӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны мысынц ирзонады иууыл ирддӕр минӕвары стыр лӕггӕдтӕ йӕ адӕмы раз. Уасойы цырты цурмӕ ӕрбацыдысты Республикӕйы интеллигенци ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, студенттӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ ӕмӕ йӕм сӕвӕрдтой дидинтӕ.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Цхинвалы Абайты Уасойы цыртмӕ дидинтӕ сӕвӕрынӕй ӕмӕ митингӕй райдыдтой гениалон ахуыргонды 115 азы юбилейы цытӕн мадзӕлттӕ.

Хуссар Ирыстоны дыццӕджы нысан кӕнынц гениалон ирон ахуыргонд, ӕвзагзонӕг Абайты Уасойы 115 азы юбилей.

Уасойы цырты цурмӕ ӕрбацыдысты Республикӕйы интеллигенци ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, студенттӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ, сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ ӕрдзырдтой ахуыргонды стыр лӕггӕдты тыххӕй ирон адӕмы раз.

© Sputnik / Плиты ФатимаХуссар Ир нысан кӕны Абайты Уасойы 115 азы юбилей
Хуссар Ир нысан кӕны Абайты Уасойы 115 азы юбилей   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир нысан кӕны Абайты Уасойы 115 азы юбилей

Культурӕйы министры хӕдивӕг Дзеранты Джульетта йӕ раныхасы банысан кодта, ныфс ӕй кӕй ис, Абайты Уасойы радон гуырӕнбоныл кӕй сӕмбӕлдзысты йӕ ног арӕзт хӕдзар-музейы.

"Ныфс мӕ ис, фидӕнмӕ Уасойы хӕдзар-музей арӕзт кӕй фӕуыдзӕн йӕ номыл мадзӕлттӕ дӕр уым кӕй уадздзыстӕм", — загъта Дзеранты Джульетта.

Юбилейон мадзӕлттӕ аддардӕр сты Уанеты Захары номыл Зонад-Иртасӕн институты зонадон-практикон конференцийӕ.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 15 декабры. Йӕ бирӕнымӕц бындурон куыстыты ӕхсӕн уӕлдай рахицӕнгӕнинаг у "Ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуат", цыран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ.

Ирзонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0