Дзæуджыхъæуы уагъд æрцæудзæн Уæрæсейы Кубок уæгъдибар хъæбысхæстæй

© Sputnik / архивное фотоДзæуджыхъæуы уагъд æрцæудзæн Уæрæсейы Кубок уæгъдибар хъæбысхæстæй
Дзæуджыхъæуы уагъд æрцæудзæн Уæрæсейы Кубок уæгъдибар хъæбысхæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон богалтæн конкуренци сараздзысты спортсментæ Мæскуыйæ, Дагестанæй, Сахайæ, Мæскуыйы областæй, Цæцæны республикæйæ, Хъæрæсе- Балхъарæй, Красноярскæй.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Уæрæсейы Кубок уæгъдибар хъæбысхæстæй уагъд ӕрцӕудзӕн дзӕуджыхъӕуы, спорты галуан "Манеж"-ы, хъусын кӕны 15 регион.

Турнир нывонд у ССРЦ-ы æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Дедегкаты Хъазбеджы 70 азы юбилейæн.

"Турнир цытджын æгъдауæй байгом уыдзæн 21 декабры. Ирон богалтæн конкуренци сараздзысты спортсментæ Мæскуыйæ, Дагестанæй, Сахайæ, Мæскуыйы областæй, Цæцæны республикæйæ, Хъæрæсе- Балхъарæй, Красноярскæй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Дедегкаты Хъазбег у иууыл зындгонддæр уæгъдибар хъæбыцæйхæцджытæ — Таймæзты Артур, Хæдæрцаты Махарбег æмæ Фадзайты Арсены тренер.

Ног хабӕртты лентӕ
0