Абайты Уасойы хайбавӕрдыл зонады райрӕзтмӕ ӕрдзырдтой Цхинвалы конференцийы

© Sputnik / Плиты ФатимаХуссар Ирыстоны нысан кӕнынц Абайты Уасойы 115 азы юбилей
Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц Абайты Уасойы 115 азы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонадон-практикон конференцийы рӕстӕджы хицауады сӕрдар Хъуылымбегты Доменти ныфс бавӕрдта, ирзонады иууыл ирддӕр минӕвары ӕнӕмыхуыргонд куыстытӕ тагъд рӕстӕджы рухс кӕй фендзысты ӕмӕ йӕ хӕдзар-музей дӕр 2016 азы арӕзт кӕй фӕуыдзӕн.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцыд зонадон конференци гениалон ахуыргонд Абайты Уасойы 115 азы юбилейы цытӕн, ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ӕрдзырдтой канд ӕвзагзонӕджы зонадон бынтыл нӕ, фӕлӕ ма гоймагон ӕмӕ профессионалон миниуджытыл.

Хуссар Ирыстоны дыццӕджы нысан кӕнынц гениалон ахуыргонд, ӕвзагзонӕг Абайты Уасойы 115 азы юбилей. Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ райдытой Цхинвалы номдзыд ахуыргондӕн йӕ цырты цур, Иры интеллигенци ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ам сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ ӕрдзырдтой Уасойы стыр лӕггӕдты тыххӕй йӕ адӕмы раз.

Конференцийы докладтӕ бакастысты ХИПУ-йы истори ӕмӕ этнологийы хайады хистӕр, профессор Гаглойты Юрий, ирон ӕвзаджы кафедрӕйы гӕс, доцент Дзиццойты Юрий, ӕвзагзонӕг, профессор Битарты Зоя ӕмӕ зонадон кусӕг, президенты уынаффӕгӕнӕг Коцты Константин. Уымӕй дарддӕр ма ӕрӕмбырдуӕвджытӕ радзырдтой сӕ мысинӕгтӕ, гениалон ахуыргондимӕ сӕ фембӕлдты рӕстӕджы цы тӕлмӕнтӕ райстой, уыдоныл.

© Sputnik / Плиты ФатимаХуссар Ирыстоны нысан кӕнынц ӕвзагзонӕг Абайты Уасойы 115 азы юбилей
Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц ӕвзагзонӕг Абайты Уасойы 115 азы юбилей  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц ӕвзагзонӕг Абайты Уасойы 115 азы юбилей

Абайты Уасо куыд ахуыргонд, ӕмгар, ӕмкусӕг, гоймаг — алыварсонӕй дӕр уый йӕ фӕстӕ ныууагъта ирд фӕд ӕмӕ фӕлмӕн тӕлмӕнтӕ.

Хицауады сӕрдар Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зӕгъгӕ, алкӕцы адӕймаг дӕр хъуамӕ тырна, йӕ адӕмӕн Уасо цас балӕггад кодта, уыййас саразын. Уый ма ныфс бавӕрдта, ӕрбалӕугӕ азы кӕй фӕуыдзӕн арӕзт Уасойы хӕдзар-музей.

"Дзырд уын дӕттын президенты номӕй, Уасойӕн йӕ хадзар-музей ӕрбалӕугӕ азы кӕй фӕуыдзӕн арӕзт. Стӕй ма кӕд йӕ куыстытӕй исты мыхуыр не ‘рцыд, уӕд уыдонӕн дӕр рухс фенын кӕндзыстӕм", — загъта хицауады сӕрдар.

Зонадон конференци адарддӕр кодта культурон программӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимаВ Южной Осетии отмечают юбилей Васо Абаева
В Южной Осетии отмечают юбилей Васо Абаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
В Южной Осетии отмечают юбилей Васо Абаева

 

Абайты Уасойы юбилейы цытӕн республикӕйы алы къуымты дӕр къурийы дӕргъы уагъд цӕудзысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ. Афтӕ ма 18 декабры Цхинвалы фӕсивӕд сӕ зонындзинӕдтӕ бафӕлвардзысты интеллектуалон хъазт "Уасойы фӕдонтӕ"-йы. Юбилейон мадзӕлтты фӕлгӕтты ма оргкомитет фӕнд кӕны ауадзын уӕрӕх диктант дӕр.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 15 декабры. Ис ын бирӕнымӕц фундаменталон куыстытӕ, уыдоны ӕхсӕн "Ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуат", цыран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0