Тыбылты Леонид йæ къух бафыста фæсивæды куысты бынæттæй сифтонг кæныны указыл

© Sputnik / Руслан ТадтаевПрезидент Тыбылты Леонид
Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент банысан кодта, ныртæккæ фæсивæды проблемæтæй иу кæй у куысты бынæтты хъуагдзинад.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Тыбылты Леонид йæ къух бафыста "Æвзонг специалистты куысты бынæттæй сифтонг кæнын æмæ паддзахады кадрон политикæ фæхуыздæр кæныны фæдыл мадзæлтты" указыл. Бæстæйы сæргълæууæг бахæс кодта йæ администрацийæн, цæмæй бакусой кадрон политикæйы концепцийыл, кæцы дзуапп дæтдзæн паддзахадон органтæ æмæ уагдæттæм кадртæ равзæрсты эффективон системæ саразыны домæнтæн.

"Практикæ куыд уынын кæны, афтæмæй паддзахадон аппараты куысты ис бирæ хъæндзинæдтӕ, кæцытæн æрмæст объективон аххосæгтæ (республикæ бирæ рæстæг уыд хæстон архæйдтыты уавæры) нæй, паддзахады кадрон политикæйæн дæр ис цухдзинæдтæ", — банысан кодта президент.

Уый банысан кодта, ныртæккæ фæсивæды проблемæтæй иу кæй у куысты бынæтты хъуагдзинад.

"Бирæ æрыгон специалисттæ, уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ, не ‘ссарынц куыст республикæйы æмæ бар-æнæбары ацæуынц куыстагур ӕндӕр бӕстӕтӕм. Фæстæдæр уыдон скæнынц бинонтæ æмæ баззайынц Хуссар Ирыстоны арæнтæй дарддæр цæргæйæ. Уый æппæрццагæй æндавы куыд кадрон потенциалыл, афтæ республикæйы демографион уавæрыл дæр", — банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Уымæ гæсгæ, уый сарæзта цалдæр хæслæвæрд, сæйраджыдæр — паддзахадон органтæ æмæ уагдæтты алыгъуызон бынæттæм кадрты равзæрсты цадæггай рахизын конкурсон системæмæ, бæрæггæнæнты базæ саразын, цæй бындурыл бæрæг цæудзысты, дыууæ кæнæ фылдæр бынаты цы æмбæстæгтæ кусынц, уыдон, рафæлгъауын, республикæ æрвылаз цы специалистты æййафы хъуагдзинад, саразын РХИ-ы къухдариуæгадон кадрты резерв.

Ног хабӕртты лентӕ
0