100 æвзонг спортсменкæйы сӕ тыхтӕ бавзӕрстой Дзӕуджыхъӕуы ихын аренӕйыл

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæФигурон бырд.
Фигурон бырд. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы ихын аренӕйыл ерыс кодтой фигуристтӕ Донецк, Ставрополь, Краснодар, Сочи, Невинномысск, Волгоград ӕмӕ ӕндӕр горӕттӕй.

ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фыццаг хатт ихын галуаны ацыд къахдзоныгътæй аив бырынæй турнир. Спортсментӕ сӕ арӕхстдзинад фӕлвӕрдтой цалдӕр разряды, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Ерысты рæстæг спорты мастертæм кандидат сси дзæуджыхъæуккаг Хапсæты Динæ, кӕцы ерысты бацахста фыццаг бынат. Хуыздæрты нымӕцмӕ бахауд Сабеты Лолитæ дӕр.

"Хуыздæртыл ма нымад æрцыдысты Янина Якина, Екатерина Евдокимова, Ангелина Аветисян æмæ Елизавета Мишина Краснодарæй. Турниры жюрийы уӕнджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы ерыстæ пайда уыдзысты, раззагдæр бынæттæ чи нæ бацахста, уыдонæн дæр. Уымæн æмæ чысыл уæвгæйæ базонынц ерысты ахадындзинад",- дзырдӕуы хъусинаджы.

Æдæппæтæй турниры архайдта 100 сывæллоны Уæрæсейы фараст регионæй. Бирæтæн уыд сæ фыццаг ерыс æмæ йæм сæхи цæттæ кодтой тынг лæмбынæг. Се ‘ппæт дæр уыдысты алыгъуызон рæсугъд уæлæдарæсы. Фæлæ сын жюрийы уæнгтæ аргъ кæнынц, къахдзоныгътыл куыд аив бырынц, æмæ цас зын элементтæ скæнынц, уыдонмæ гæсгæ. Сæ фарс хæцынц сæ тренертæ æмæ хæстæджытæ.

Спортсменты арæхстдзинадæн аргъ кодтой Уæрæсейы фæлтæрдджын жюрийы уæнгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0