Æхсæнадон транспорты зындзинæдтæ

© Sputnik / Диана КозаеваМаршрут "Солнечный"
Маршрут Солнечный - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Микрорайон "Хурзæрин"-мæ цæуы æрмæстдæр иу автобус. Кæцыдæр цæрджытæ нымайынц, фондз рейсы боны мидæг фаг кæй не сты. Дыууæ кæронмæ 30 сом бафидыны, Sputnik уацхæссæг ацыд дыууæсахатон маршрутыл.

ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik, Козаты Дианæ. Æхсæнадон транспорты хъуагдзинадыаххосæй, микрорайон "Хурзæрин"-ы цæрджытæй алыхатт фадат нæ фæвæййы Цхинвалы центрмæ ахуырмæ, кæнæ куыстмæ фæхæццæ кæнын. Автобус ардæм цæуы æрмæстдæр æртæ сахаты мидæг иу хатт. Уæд сæ арæх бахъæуы таксийæн фæстаг æхцатæ раттын, кæцы цхинвайлаг барæнтæм гæсгæ аслам нæу — 120 — 200 сомы.

Микрорайон ис Цхинвалы цæгатгæрон, центрæй дæрддзæф. 2008 азы хæсты фæстæ ам æрбынат кодтой, сæ хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты æмæ ныппырх сты. Ам ис æрмæстдæр цыппар бирæфатерон хæдзары æмæ коттеджтæ.

Цхинвалы æхсæнадон транспорт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы æхсæнадон транспорт

Цхинвалы централон хайы æхсæнадон транспорт цæуы æрдæгсахатон интервалмæ гæсгæ. Фæлæ "хурзæринæгтæн" ацы интервал у æртæ сахат, уымæ гæсгæ сын ацы фарст у риссаг.

"Фыццаг автобус нæм æрбацæуы 8 сахат æмæ 30 минутыл. Дарддæр — алы æртæ сахаты фæстæ. Уымæ гæсгæ, йæ куысты бон фараст сахатæй раздæр, кæнæ фæстæдæр кæмæн райдайы, уый хъуамæ бар- æнæбары сбада ацы автобусыл æмæ искуы æнхъæлмæ кæса. Уымæй дарддæр ма, цалдæр километры горæты онг свæййынц фыдæвзарæн, автобус йедзаг кæй вæййы адæмæй, уый тыххæй",- дзуры микрорайоны цæрæг Иринæ.

Изæры æхсæз сахатмæ чи кусы, фæстаг автобусмæ ферæджыгæнгæйæ, ахсынц æмвæндагон транспорт. Куы нæ сын бантысы, уæд та ацæуынц таксийыл. Цæрджытæ нымайынц, сæ районмæ цæуæг æхсæнадон транспорты графикмæ кæй хъæуы бахæссын ивындзинæдтæ, цæмæй баны райдайæны æмæ кæрон автобус цæуа арæхдæр, кæд æмæ уый тыххæй сæхгæнын æмбисбоны рейстæ, уæддæр.

© Sputnik / Диана КозаеваДнем маршрутом "Солнечный" пользуются 4-5 человек.
Днем маршрутом Солнечный пользуются 4-5 человек. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Днем маршрутом "Солнечный" пользуются 4-5 человек.

Дыууæ кæронмæ 30 сом бафидыны, Sputnik уацхæссæг ацыд "Хурзæрин"-ы дыууæсахатон маршрутыл. Автобус раст боны дыууæ сахатыл анкъуыст горæты автовокзалæй, цалдæр ран пассажиртæн уромгæйæ.

Автобусы шофыр Тедеты Мельвикы ныхæстæм гæсгæ, рейсты график фæуæрæхдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад нæй, "архайгæ рейстæ фаг сты".

"Ацы автобус у иууыл стырдæр, цы æхсæнадон транспорт нæм ис, уымæй. Йæдзаг вæййы æрмæстдæр райсомæй, адæм куыстытæм, ахуырмæ куы фæцæуынц. Æмæ изæры. Фылдæр хатт та автобус фæцæуы афтидæй, фæлæ уæддæр сæххæст кæнын хъæуы рейс",- дзуры уый.

Дӕс минуты фӕстӕ автобус фӕстӕмӕ раздӕхы. Бады дзы цыппар бӕлццоны, кӕцытӕ цӕуынц центрмӕ.

"Фӕндаггаг у 15 сомы. Кӕцыдӕртӕ йӕ ӕххӕстӕй не ‘рӕвӕрынц. Ӕркалынц ӕзгъӕрӕхца ӕмӕ сӕ нӕ фӕнымайын. Фылдӕр хатт ницы зӕгъын, мӕхӕдӕг дӕр ӕфсӕмы фӕкӕнын", — худгӕйӕ дзуры шофыр.

Балцы рӕстӕджы куыд рабарӕг, афтæмӕй ацы графикӕй алчи нӕ хъаст кӕны. Гӕнӕн ис, сӕ цӕсгом нӕ бахъӕцыд шофыры цур, науӕд та хъӕлдзӕг уагахастимӕ адӕм уыдысты ацы рейсы. Куыд фӕнды сисгӕйӕ дӕр, Автомобилон транспорты управленийы ацы график нымайынц рӕстӕмбисыл ӕмӕ йӕ раивын нӕ хъавынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0