ПТРК "ИР"-ы директор Зæгъойты Радæ банысан кодта, Sputnik.Кастытæ кæй сæвзæрын кодта цымыдис республикæйы интернет-пайдагæнджыты æхсæн.
" ПТРК "ИР"-ы командæ стыр энтузиазмимæ сæмбæлд æхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны поэтикон эстафетæ Sputnik.Кастыты хайад райсыны æнхъарæныл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, проект Sputnik.Кастыты тыххæй хъуамæ базона фылдæр адæм æмæ махæн æхсызгон у нæ каналы ресурстæй феххуыс кæнын ацы проектæн. Ахæм проекттæ уæлæмхас цымыдис æвзæрын кæнынц классикæмæ, зындгонд поэтикон уацмысты фæрцы адæм кæнынц æнгомдæр ",- загъта Зæгъойты Радæ.
Ныридæгæн проекты хайад райстой Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг Нарек Ордян, УФ-йы минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус, кино æмæ театры зындгонд актер Цаллаты Вадим.
Проект Sputnik.Кастытӕ-йы нысан у бирӕполярон дунейы адӕмы кӕрӕдзимӕ феввахсдӕр кӕнын зындгонд поэтикон уацмыстӕ кӕсыны руаджы, кӕцыты ӕвдыст цӕуынц бындурон хӕрзиуджытӕ — уарзондзинад, цард, алфамблай дунейы рӕсугъддзинад. Райдыдта проект Кыргызстаны 2015 азы марты. Хайад дзы райстой бӕстӕйы хицауады минӕвӕрттӕ, ӕхсӕнады ӕмӕ аивады сгуыхт архайджытӕ. Августы ацы поэтикон эстафетӕ райста Sputnik Молдовӕ дӕр.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Оперативон ног хабӕрттӕй дарддӕр ма Sputnik йӕ аудиторийӕн дӕтты аналитикон ӕрмӕджытӕ, эксклюзивон интервьютӕ, экспертон хатдзӕгтӕ.