Цхинвалы фӕбӕрӕг сты брейк-дансы арӕхстджындӕр кафджытӕ

© Sputnik / Ада БагианБрейк-данс
Брейк-данс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты архайдтой куыд лӕппутӕ, афтӕ чызджытӕ дӕр. Сӕ арӕхстдзинад ӕвдыстой цалдӕр тренеры хъомылгӕнинӕгтӕ.

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕбӕрӕг сты брейк-дансы республикон турниры уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ.

Турнир уагъд цыд Цхинвалы, Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны. Зал уыд адӕмӕй йемыдзаг, сӕ къухӕмдзӕгъд райдайанӕй суанг кӕронмӕ не ‘рлӕууыд.

Сӕ арӕхстдзинад ӕвдыстой цалдӕр тренеры хъомылгӕнинӕгтӕ. Хъӕлӕсӕппӕрсты руаджы бӕрӕг цыдысты кафты ныхмӕлӕуджытӕ. Жюрийы уӕнгтӕ алы номыры дӕр ӕвзӕрстой аккагдӕр кафӕджы.

Конкурсы уӕлахиздзау ныр ӕртыккаг аз фӕд-фӕдыл ссис Хъуылымбегты Ацӕмӕз. Дыккаг бынат та бацахста бирӕнымӕц аивадон конкурсты уӕлахиздзау Плиты Тимур. Уый ныфс бавӕрдта, радон турниры кӕй архайдзӕн фыццаг бынат рамбулыныл.

"Дыккаг бынат дӕр хорз у, фӕлӕ иннӕ азмӕ мӕхи хуыздӕр бацӕттӕ кӕндзынӕн ӕмӕ ацӕудзӕн фыццагыл", — загъта ӕвзонг кафӕг.

Призерты нымӕц ма баххӕст кодта дзауаг лӕппу Цхуырбаты Руслан дӕр.

Ерысты архайдтой куыд лӕппутӕ, афтӕ чызджытӕ дӕр. Чызджытӕй призерты нымӕцмӕ ничи бахызт, фӕлӕ Пухаты Снежанӕ рамбылдта сӕрмагонд приз — "Уӕлахизмӕ тырнындзинад".

Кафджыты арӕхстдзинадӕн аргъ кодтой жюрийы уӕнгтӕ брейк-дансы тренерты скондӕй.

Кӕронбӕттӕны та сӕ тыхтӕ бавзӕрстой призертӕ ӕмӕ тренертӕ.

Брейк-дансы республикон конкурс Цхинвалы ацыд ныр ӕртыккаг хатт. Организацигонд ӕрцыд Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан ӕмӕ брейк-дансы къорды хъӕппӕрисӕй, хъахъхъӕнынады министрады ӕмархайдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0