Козаты Аслан: Гасситы Мурæтæн уæлахиздзау суæвынæн ис бæрзонд шанстæ

© FacebookИрон боксертæ Козаты Аслан æмæ Гасситы Сослан
Ирон боксертæ Козаты Аслан æмæ Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Майрæмбоны Гасситы Мурæт тох кæндзæн америкæйаг Айзея Томасимæ боксы дунейон федерацийы (IBF) титулæн æнæмæнгхъæуæг претенденты статусы тыххæй. Козаты Сосланы нымадмæ гæсгæ, ирон спортсмен у фæразондæр америкæйагæй.

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Гасситы Мурæтæн америкæйаг Айзея Томасимæ ныхмæлæуды ис бæрзонд шанстæ уæлахиздзау суæвынæн, загъта ирон боксер Козаты Асланбег.

18 декабры Лас-Вегасы Гасситы Мурæт тох кæндзæн америкæйаг Айзея Томасимæ боксы дунейон федерацийы (IBF) титулæн æнæмæнгхъæуæг претенденты статусы тыххæй. Томас рингыл раивдзæн украинæйаг Яго Киладзейы, кæцы æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ нал сразы ирон чемпионимæ рингмæ рахизын.

"Æз мæ хъус дардтон Гассийы фырты тохы техникæмæ. У хорз техникæимæ спортсмен, фæлæ аразы æгæр даргъ паузæтæ, хъус нæ дары йæ темпмæ. Мурæт у фæразон, цæвы уæззауæйдæр æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уымæн ис бæрзонд шанстæ уæлахиздзау суæвынæн", — загъта Аслан.

Йæ цæст бауарзта Гассийы фыртæн, цæмæй ма райса "уæззау цæфтæ æмæ æввахс рæстæджы суа дунейы чемпион".

Гасситы Мурæт у дунейон чемпион фӕсивӕды 'хсӕн WBC-йы версимӕ гӕсгӕ, Европӕйы чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ, дунейы интерконтиненталон чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ. Октябры боксер схызт æртыккаг позицимæ Боксерты æхсæнадæмон федерацийы ранæуæггонд рейтингы, Айзея Томас та ацы рейтингы ис 14 бынатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0