Дзуары лӕгтӕ сарӕзтой совет ирон ӕгъдӕуттӕ бахъахъхъӕныны нысанӕн

© Sputnik / Лана Парастаева Дзуары лӕгтӕ сарӕзтой совет ирон ӕгъдӕуттӕ бахъахъхъӕнын нысанӕн
Дзуары лӕгтӕ сарӕзтой совет ирон ӕгъдӕуттӕ бахъахъхъӕнын нысанӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Советы куысты фӕстиуӕгӕн мыхуыр ӕрцӕудзысты чингуытӕ Ирыстоны дзуӕртты номхыгъд ӕмӕ сӕ нысан кӕныны ӕгъдӕуттимӕ.

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Ирон ӕгъдӕуттӕ бахъахъхъӕныныл архайдзысты дзуары лӕгтӕ, уый нысанӕн Цӕгат Ирыстоны арӕзт ӕрцыд дзуары лӕгты совет, хъусын кӕны 15 регион.

Цыппӕрӕмы Алагиры комы ацыд советы уӕнгты фыццаг ӕмбырд. Ацы районы куырыхон цӕрджытӕ ӕмӕ дзуары лӕгтӕ ӕрдзырдтой дзуарыбонтӕ нысан кӕныны ӕнусты дӕргъы ӕнӕивгӕ ӕгъдӕуттуыл ӕмӕ цы ногдзинӕттӕ фӕзынд, уыдӕттыл.

"Зианы ӕмӕ бӕрӕгбонон фынгтӕм никуы хастой цӕхджынтӕ, цывзы, нозт. Хуыцаумӕ нӕ фыдӕлтӕ куывтой бӕгӕны, арахъхъ ӕмӕ къуымæлӕй", — радзырдта Ходы цӕрӕг Едзиты Андрей.

Ӕмбырды хайадисджытӕ бафиппайдтой, зӕгъгӕ, фӕсивӕд ирон ӕгъдӕуттӕ хорз зонынц, фӕлӕ хъуамӕ уыной хистӕрты ӕввӕрццаг дӕнцӕг.

Советы куысты фӕстиуӕгӕн фӕстӕдӕр мыхуыр ӕрцӕудзысты чингуытӕ Ирыстоны дзуӕртты номхыгъд ӕмӕ сӕ нысан кӕныны ӕгъдӕуттимӕ. Уымӕй дарддӕр ма ӕрӕзт цӕудзысты телеалӕвӕрдтӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0