Хлопонин: УФ кӕронмӕ сæххæст кæндзæн йæхимæ райсгӕ хæстæ Хуссар Иры раз

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæУФ æмæ РХИ тырысатæ
УФ æмæ РХИ тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы фембæлдысты РХИ-ы президент Тыбылты Леонид æмæ УФ-йы хицауады вице-премьер Александр Хлопонин, кæцы æрцыд республикæмæ Æхсæнхицауадон къамисы рабадтмæ.

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, Уæрæсе æххæст бæрцæй сæххæст кæндзæн йæхимæ райсгӕ хæстæ Хуссар Ирыстоны раз, фехъусын кодта УФ-йы хицауады вице-премьер Александр Хлопонин республикæйы президент Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы.

Хуссар Ирыстоны столицæйы уагъд æрцæудзæн РХИ æмæ УФ-йы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы (ÆХК) хатдзæгон рабадт. ÆХК-ы рабадтæн Уæрæсейы фарсæрдыгæй æмсæрдариуæг кæндзæн Александр Хлопонин, хуссарирыстойнаг фарсæй та — республикæйы премьер-министр Хъуылымбегты Доменти.

"Къамисы раз ды æмæ Вламир Путин цы хæстæ æрæвæрдтад, уыдон иууылдæр æххæст цæуынц. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ, зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, Уæрæсе æххæст бæрцæй кæй сæххæст кæндзæн йæхимæ райст хæстæ Хуссар Ирыстоны раз. Уый у президент Владимир Путины карз домæн", — банысан кодта Хлопонин.

Тыбылты Леонид банысан кодта, республикæйы хицауад æнтыстджын куыст кæй бакодта ацы азæн инвестпрограммæ реализаци кæныны фарстытыл. Зӕгъгӕ, дзурæн ис ууыл, æмæ 2016 азы программæйы пункттæ дæр кæй æрцæудзысты реализаци.

"Ацы аз уыд вазыгджын, фæлæ нæ службæтæ æмæ Уæрæсейы æххуысы фæрцы, бирæ фарстыты нæ къухты бафтыдысты æвæрццаг фæстиуджытæ. Ныфс нæ ис, абон дӕр ÆХК-ы рабадты фæлгæтты мах кæй бакæндзыстæм æнтыстджын куыст", — загъта бæстæйы сæргълæууæг.

2014 азы кæрон Хуссар Ирыстоны социалон —экономикон райрæзты инвестицион программæ фидаргонд æрцыд æртæ азмæ (2015-2017 азты). Уый тыххæй уæрæсейаг бюджетæй рахицæнгонд æрцæудзæн фараст миллиард сомы — фæйнæ æртæ миллиарды æрвылаз дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0