ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цытджын уавӕры бакодтой Цхинвалы Октябры уынг.
1,7 километры дӕргъӕн уынджы арӕзтад райдыдта 2015 азы июны. Ныр уый ссис Цхинвалы рӕсугъддӕр уынгтӕй сӕ иу, йӕ астӕу арӕзт ӕрцыд парчы зонӕ.
Мадзалмӕ ӕрбацыдысты респуликӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ уӕрӕсейаг уазжытӕ — УФ хицауады сӕрдары хӕдивӕг Александр Хлопонин, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазимӕ ӕмгуыстады фӕдыл УФ президенты администрацийы управленийы хистӕр Олег Говорун, Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Лев Кузнецов, кӕцытӕ ӕрцыдысты республикæмæ Æхсæнхицауадон къамисы рабадтмæ.

Мадзал хъуамӕ райдыдтаид боны ӕмбис, фӕлӕ, уызджытӕ ӕмӕ хицауады уӕнгтӕм ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ, уынг бакодтой дыууӕ сахат фӕстиатимӕ.
Уынг бакӕны цытджын церемонимӕ чысыл концертон программӕ бацӕттӕ кодта 3-ӕм астӕуккаг скъолайы аивадон коллективтӕ. Скъолайы ахуырдзау Пухаты Дауыт хъаст кӕны организатортӕй.
"Цылдӕр сахаты нӕ рог кондӕй уазал уынгы фӕдардтой. Хонгӕ кафт хъуамӕ акӕнон ӕмӕ афтӕ ныссалдтӕн, ӕмӕ мӕ ӕрсимыны ныфс дӕр нал ис", — радзырдта уый.
Цхинвайлӕгты номӕй ӕрӕмбырдуӕвджытӕн раарфӕ кодта горӕты цӕрӕг Пухаты Алла. Уый банысан кодта, ацы уынгӕн канд рӕсугъд ӕддаг бакаст нӕй, фӕлӕ ма йыл цӕры бирӕ зындгод гоймӕгтӕ.
"Уынг уыд тынг ӕвзӕр уавӕры, сӕрд рыгы бын кодтам, ӕвзӕр боныгъӕды та цыфӕй азмӕлдӕн дӕр нӕ уыд, ныр нын у рӕсугъд ӕмӕ хӕрзарӕзт", — банысан кодта горӕты цӕрӕг.
Октябры уынджы арӕзтад цыд фондз мӕйы дӕргъы, бахардз ыл 100 милуан сомӕй фылдӕр ӕмӕ уый хыгъд у горӕты иууыл зынаргъдӕр уынг. Йӕ арӕзтады хӕрдзтӕ хаст ӕрцыдысты 2015 азы Инвестицион нывӕзтмӕ.