Хлопонин: 2015 азы УФ рахицæн кодта Хуссар Ирыстоны бюджетæн 3 млрд сомы

© сайт президента РЮОХлопонин: 2015 азы УФ рахицæн кодта Хуссар Ирыстоны бюджетæн 3 млрд сомы
Хлопонин: 2015 азы УФ рахицæн кодта Хуссар Ирыстоны бюджетæн 3 млрд сомы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рахицæнгонд фæрæзтæ сты 85 % республикæйы бюджетæн иумæйагæй цы финансон æххуыс цæуы, уымæй. Ацы аз ацы суммæ схиздзæн 3,6 млрд сомы онг, фехъусын кодта Хлопонин.

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Ацы азы 11 мæйы мидæг Уæрæсе рахицæн кодта Хуссар Ирыстонæн бюджетон сферæйæн 3 млрд сомы, фехъусын кодта УФ-йы хицауады премьер-министр Александр Хлопонин, Цхинвалы цы Æхсæнпаддзахадон къамисы рабадт ис, уым.

Вице-премьеры ныхæстæм гæсгæ, рахицæнгонд фæрæзтæ 85 % сты, республикæйы бюджетæн иумæйагæй цы финансон æххуыс цæуы, уымæй. Ацы аз ацы суммæ схиздзæн 3,6 млрд сомы онг.

Хлопонин ма банысан кодта, 2016 азмæ Хуссар Ирыстоны инвестпрограммæйы объектты аргъ кæй схызт, уый тыххæй уый реализацийы тыххæй фæрæзтæ æххæстæй нæ бахардз уыдзысты, дзырд цæуы 433 милуан сомыл цы æртæ млрд хъуамæ рахицæн æрцæуа, уыдонæй.

Цæмæй ацы фæрæзтæ бахардз уой, уый тыххæй Хлопонин бахаста æнхъарæн, цæмæй инвестпрграммæмæ бахаст æрцæуой ивындзинæдтæ.

"Ацы фæрæзтæ республикæ райсдзæн æххæст бæрцæй", — загъта вице-премьер.

Уымæй дарддæр ма, Хлопонин куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны хицауадтæ 2016 азы февралы онг интеграци æмæ æмцæдисады тыххæй дыууаварсон бадзырды фæдыл хъуамæ бацæттæ кæной авд уӕлӕмхас бадзырды.

"Ныридæгæн бадзырдыл цæуы куыст, арæзт æрцыдысты кусæгон къордтæ, æмæ æз курын цæмæй максималон бæрнимæ бацæуой ацы фарстамæ æмæ æмбæлон рæстæгмæ бацæттæ кæной ацы документтӕ", — загъта Хлопонин.

Иумæйагæй уый банысан кодта, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хицауадты æмгуыстады æмвæзад кæй ис бæрзонд æмвæзадыл æмæ сæвзæргæ фарстатæ скъуыддзаг кӕй цæуынц оперативон æгъдауæй.

Хуссар Ирыстоны столицæйы уагъд цæуы РХИ æмæ УФ-йы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы хатдзæгон рабадт. ÆХК-ы рабадтæн Уæрæсейы æрдыгæй фарсæй æмсæрдариуæг кæндзæн Александр Хлопонин, хуссарирыстойнаг фарсæй та — респудликæйы премьер-министр Хъуылымбегты Доменти.

ÆПК-ы рабадты рæстæджы сæйраг темæ у РХИ-ы социалон-экономикон райрæзты фæдыл инвестицион программæйы бацæттæ æмæ реализаци кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0