Израилы моладзандоны фӕзынд фӕйнӕг ирон ӕвзагыл "Отче наш"-ы текстимӕ

© пресс-служба постпредства РСО-АФӕйнӕг "Мах фыд"-ы (Отче наш) куывды текстимӕ ирон ӕвзагыл
Фӕйнӕг Мах фыд-ы (Отче наш) куывды текстимӕ ирон ӕвзагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕйнӕг конд ӕрцыд моладзандон "Pater noster"-ы цӕгатирыстойнаг делегацийы хайадистӕй.

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Израилы Елеонаг хохыл уӕвӕг моладзандон "Pater noster"-ы бакодтой фӕйнӕг "Мах фыд"-ы (Отче наш) куывды текстимӕ ирон ӕвзагыл, хъусын кӕны 15 регион.

"Фӕйнӕг бакӕныны церемонийы хайад райста цӕгатирыстойнаг делегаци Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Зосимайы сӕргълӕудӕй. Уыдон бабӕрӕг кодтой горӕт Лорд, цыран скуывтой Уӕлахизхӕссӕг Джиуӕрджимӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Хъусинагӕй ма куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй делегацийы уӕнгтӕ бабӕрӕг кодтой ӕмӕ скуывтой чырыстон дины стырдӕр сыгъдӕг бынӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0