Хуссар Ир йе ‘нусон бынатмӕ фӕндараст кӕны зынгӕ нывгӕнӕг Джуссойты Иналы

© FacebookИрон нывгӕнӕг Джуссойты Иналы
Ирон нывгӕнӕг Джуссойты Иналы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бегейӕн (афтӕ йӕ уарзгӕйӕ хуыдтой йе ‘ввахс адӕм ӕмӕ зонгӕтӕ иууылдӕр) йӕ цард аскъуыд 38 азы кары. Баззад ын бирӕ кӕнинӕгтӕ, йӕ куыстытӕй бирӕтӕ баззадысты ӕрдӕгфыстӕй.

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны йе ‘нусон бынатмӕ фӕндараст кӕнынц курдиатджын нывгӕнӕг ӕмӕ этнограф Джуссойты Иналы (Беге).

Йӕ амӕлӕтӕй Ирыстон фесӕфта ирон интеллигенцийы ирд минӕвар, патриот, хъӕлдзӕг, ӕгъдауджын, зӕрдӕхӕлар ӕмӕ хорз адӕймаджы. Бегейӕн (афтӕ йӕ уарзгӕйӕ хуыдтой йе ‘ввахс адӕм ӕмӕ зонгӕтӕ иууылдӕр) йӕ цард аскъуыд 38 азы кары. Йӕ куыстытӕй бирӕтӕ баззадысты ӕрдӕгфыстӕй.

Курдиатджын нывгӕнӕг архайдта бирӕ фадгуыты, йӕ куыстытӕ сты тынг цымыдисон ӕмӕ арф хъуыдыимӕ. Арӕзта иллюстрацитӕ чингуытӕм дӕр. Уыд ма иттӕг хорз этнограф дӕр. Афтӕ ма Джуссойты Инал у 1989 — 2008 азты Гуырдзыстоны агрессийы фӕстиуӕгӕн чи бабын, уыдон мемориалон комплексы проекты автор.

Беге йӕ зонындзинӕдтӕ рӕдауӕй лӕвӕрдта Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны студенттӕн дӕр.

Бавӕрдзысты Бегейы къуырисӕры Цхинвалы, Згъудеры уӕлмӕрды.

Ног хабӕртты лентӕ
0