Ног азы къӕсӕрыл цхинвайлаг бинонтӕм дуар бахоста амонд

© Flickr / Quinn DombrowskiНоггуырд сывæллоны баппæрстой æнæзæнæг цхинвайлаг бинонтæн
Ноггуырд сывæллоны баппæрстой æнæзæнæг цхинвайлаг бинонтæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноггуырд сывæллоны баппæрстой æнæзæнæг цхинвайлаг бинонтæн. Æмкъæйттæ чысыл тыхтон ссардтой сæ хæдзары къæсæрыл.

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Козаты Диана. Ивгъуыд æртыццæджы изæрæй Елбачиты бинонты хæдзары райхъуыст дуары дзæнгæрæг. Æддæмæ ракæсгæйæ Мадинæ никæй федта ӕмӕ аскъуыддзаг кодта, ома чидæр ахынджылæг кодта æмæ хъавыд фæстæмæ бахизын. Фæлæ, сывæллоны кæуын фехъусгæйæ, йæ бынаты сагъдау аззад. Тыргъыл сын цы чысыл стъол лæууы, уым æвæрд уыд чысыл тыхтон, цыран хуыссыд ноггуырд сывæллон.
Мадинæ æмæ Вячеслав сӕ цард баиу кодтой фондз азы размӕ, фæлæ сын зæнæг нырма нæй. Бирæ фæцыдысты дохтыртæм, фæлæ сæ къухты ницы æнтыст бафтыд.

Сæ фæстаг ныфс ма бæттынц экстракорпоралон уддзыдимæ, бирæ рæстæг лæууынц квотæмæ рады.

Сæдæйæ фылдæр хуссарирыстойнаг æмкъæйттæ лæууынц рады ЭКУ-мæ

"Уыд хæрзизæр. Вячеслав фынæй кодта. Æз та кастæн телевизормæ æмæ ӕрфынæй дæн… Уæдмæ райхъуыст нæ дуары дзæнгæрæг. Чысыл алæууыдтæн, ничи дзы уыд, æмæ дуар ахгæнынмæ куыд ахъавыдтæн, уалынмæ къуымæй райхъуыст цавæрдæр уынæр. Хæстæг бацыдтæн стъолмæ, цыран æвæрд уыд ноггуырд сывæллон", — дзуры Мадинæ.

Уый тыхт уыд сывæллоны тухæн хæцъил æмæ зæронд хъæццулы. Йæ фарсмæ уыд æвæрд сывæллоны хæринагимæ авг.

Мадинæ систа сывæллон йæ къухмæ æмæ тыхстæй балыгъд сыхæгтæм. Сывæллон фæуагъта уым æмæ раздæхт йæ цардæмбалы райхъал кæнынмæ.

Бинонтæ уайтагъд фæдзырдтой милицимæ. Сывæллоны бакодтой гуырæн хæдзармæ, дохтыртæ сывæллоны басгӕрстой ӕмӕ загътой, зæгъгæ сывæллоныл цæуы дыууæ — æртæ къуырийы æмæ у бынтондæр æнæниз. Дохтыртæ ма фехъусын кодтой, ацы сывæллон дунемæ ацы гуырæн хæдзары кæй нæ фæзынд. Елбачитæ сывæллоны рахастой хæдзармæ.

"Æнæдызæрдыгæй аскъуыддзаг кодтон сывæллоны мæхицæн ныууадзын. Ӕнцонтӕй йæ нæ ратдзæн. Мах бирæ рæстæг æмæ тыхтæ бахардз кодтам сывæллон ӕрхӕссыны тыххӕй, уыдыстæм Цæгат Иры дæр. Фæлæ уым ацы процедурæ зын рацæуæн у, уымæн æмæ нымад стæм фæсарæйнаг бæстæйыл", — банысан кодта Мадинæ.

Æнхъæлмæ кастысты Украинæйы сидзæр сывæллæттæм дæр, кæцыты, алыгъуызон ныхӕстӕм гæсгæ, фарон хъуамæ æркодтаиккой Хуссар Ирыстонмæ.

Ацы хабарыл дзургæйæ, Мадинæ нӕ уромы йæ цæссыгтæ. Разы у сывæллоны йæ ныййарæг мадæн раттын, æрмæст æмбæлон анализтæ саразыны фæстæ.

Сылгоймаг не ‘мбары, чи сын баппæрстаид йӕ сывæллоны. Йæ хæстæджытæ æмæ зонгæты æхсæн æвгъæдджын ничи уыд.

Гуырынад Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырынад Хуссар Ирыстоны

Мадинӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй 2008 азы августы хæсты рæстæджы фæмард сты йæ цардæмбалы фыццаг æмкъай æмæ æртæаздзыд чызг. Сармадзаны нæмыг сæмбæлд хæдзары ныккæндыл, цыран уыдон æмбæхстысты æхстытæй. Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, уый дæр уыд æрхæссæггаг сывæллон.

Сылгоймаг дзуры, æппæтдæр кæй сараздзæн, цæмæй сывæллон баззайа уымæн. Фæнды йæ йæ чызджы Виктория схонын.

Сывæллон æрхæссыны процедурæ Хуссар Ирыстоны æнцон рацæуæн у. Цхинвалы администрацийы цур æвджиды фæдыл къамисы сæргълæууæг Карсанты Галинæ фехъусын кодта Sputnik, Елбачиты бинонтæ кæй бадæттой æмбæлон документтæ. Ныр къамис аскъуыддзаг кæндзæн, ис сыл баууæндæн сывæллон æви нæ.

"Къамисы уæнгтæ хъуамæ басгарой, цы уавæрты цæрынц бинонтæ, сæ цæрæнфæрæзтæ, цы фадæттæ сын ис сывæллон хъомыл кæнынæн. Хъæуы сæ æрæмбырд кæнын æмбæлон документтæ дæр. Документтæм æркæсдзæн къамис æмæ мах нæ хатдзæг куы раттæм, уый фæстæ сæ арвитдзыстæм тæрхондонмæ, кæцы рахæсдзæн æлхынцъон уынаффæ", — загъта Карсанты Галинæ.

Нирыдæгæн уал барадхъахъхъæнæн органтæ агурынц ноггуырды биологон мады.

Ног хабӕртты лентӕ
0