Ирыстоны ӕмбырдгонд командӕ рамбылдта Уӕрӕсейы Кубок уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Финалы архайгӕйӕ Цӕгат Ирыстоны командӕ ныддӕрӕн кодта Кӕсӕг-Балхъары командӕйы 8:0 хыгъдӕй.

ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонд командӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ссис Советон Цӕдис ӕмӕ Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Дедегкаты Хъазбеджы номыл Уӕрӕсейы кубок рамбулыны сӕраппонд турниры уӕлахиздзау, хъусын кӕны 15 регион.

Финалы архайгӕйӕ, Цӕгат Ирыстоны командӕ ныддӕрӕн кодта Кӕсӕг-Балхъары командӕйы 8:0 хыгъдӕй.

"Уӕлдай ирд рауад Къӕбысты Азӕмӕты уӕлахиз, кӕцы 65 килограммы уӕзы архайгӕйӕ, ӕмгъуыдӕй раздӕр рамылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы 16:3 хыгъдӕй. Афтӕ ма уӕлахиздзаутӕ ссисты Тускъаты Азӕмӕт, Уалыты Чермен, Сидахъты Заурбек, Зассеты Алан, Рубайты Георгий, Гӕззаты Батраз ӕмӕ Хуыгаты Алан", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты тренер Дедегкаты Хъазбегыл 21 декабры сӕххӕст ис 70 азы. Уымӕн бантыст бацӕттӕ кӕнын ахӕм номдзыд спортсменты, куыд олимпиаг хъӕзтыты ӕртӕ хатты уӕлахиздзау Таймӕзты Артур ӕмӕ дыууӕ хатты олимпиаг чемпионтӕ Фадзайты Арсен ӕмӕ Хӕдӕрцаты Махарбеджы.

Юбиляры премьер Битарты Вячеслав схорзӕхджын кодта орден "Слава Осетии"- йӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0