Цæгатирыстойнаг æфсæддонтӕ куынӕг кӕнынц условон знӕгты

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæАхуырты хайад исынц 250 æфсæддон службæгæнӕджы
Ахуырты хайад исынц 250 æфсæддон службæгæнӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырты хайад исынц 250 æфсæддон службæгæнӕджы æмæ техникæйы 20 иуæджы.

ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Зенитон- ракетон бригадæйы дæлхæйттæ райдыдтой ахуыртæ Цæгат Ирыстоны уæлдæфон ныхмæлæууæгæн ныхкъуырд раттыны тыххæй, фехъусын кодтой дыццæджы Sputnik Хуссар федералон зылды (ХÆЗ) пресс-службæйы.

Командон-штабон тренировкæйы рæстæджы æфсæддон бригадæтæ бакусдзысты фæдысгæрсты фæдыл фæлтæрддзинадыл, афтæ ма уæлдæфон ныхмæлæууæгæн ныхкъуырд раттыныл активон уынæрон цæлхдурты ӕмӕ локацион ракетæты фæрцы.

"Ныхмæлæууæджы бабырсты уæлдæфон фæрæзтæ имитаци цæудзысты штурмон авиацийы хæдтæхджытæ Су-25СМ атахтытæй", — банысан кодта зылды минæвар.

Ахуырты хайад исынц 250 æфсæддон службæгæнӕджы æмæ æфсæддон техникæйы 20 иуæджы.

Хуссар федералон зылды сконды сты дæлхæйттæ, кæцытæ сæйраджыдæр дисслокаци цæуынц Цæгат Кавказы, афтæ ма Хуссар Ирыстоны, Абхаз æмæ Сомихстоны æфсæддон базæты.

Хуссар Ирыстоны уæвæг æфсæддон базæ арæзт æрцыд 2009 азы, йæ сконды службæ цæуынц цыппар мин æфсæддонæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0