Цхинвайлаг теннисисттӕ ссисты Цӕгат Ирыстоны фыццагады уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæСтолы теннис
Столы теннис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты уӕлахиздзау хистӕр кары нӕлгоймӕгты ӕхсӕн ссис Бекъойты Эдуард, уымӕн уыд 13 фембӕлды ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр фӕуӕлахиз. Сылгоймӕгты ӕхсӕн та ӕртыккаг бынат бацахста Кӕсойты Изета.

ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Цхинвайлаг спортсментӕ ссисты Цӕгат Ирыстоны столы теннисы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ, фехъусын кодтой Sputnik РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Ерысты уӕлахиздзау хистӕр кары нӕлгоймӕгты ӕхсӕн ссис Бекъойты Эдуард, уымӕн уыд 13 фембӕлды ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр фӕуӕлахиз. Сылгоймӕгты ӕхсӕн та ӕртыккаг бынат бацахста Кӕсойты Изета.

"Ӕнтыстджын уыд бынтон ӕрыгон спортсменты архайд дӕр. Чызджыты ӕхсӕн аккаг ныхмӕлӕууӕг нӕ разынд Кокойы Амандӕйӕн ӕмӕ ссис уӕлахиздзау. Ӕртыккаг бынат та бацахста Джиголаты Диана", — радзырдта комитеты пресс-секретарь Хуриты Батрадз.

Хуссарирыстойнаг спортсменты цӕттӕ кӕны тренер Джиоты Мириан.

Ног хабӕртты лентӕ
0