Зианы ӕгъдӕуттӕ

© Sputnik / Архивон къамЗӕппӕдзтӕ
Зӕппӕдзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рагон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, ирон адӕм никуы арӕзтой дыууиссӕдзӕм бон, зианы фынгыл фондз-авд рӕгъӕй фылдӕр не ‘мбӕлд, фӕсивӕд та цыдысты ӕрмӕстдӕр лӕггад кӕнынмӕ. Цы фӕивта ӕнусты дӕргъы зианы ӕгъдӕутты рӕстӕг ӕмӕ ӕндӕр адӕмты ӕгъдӕутты ӕндӕвдадӕй, уый тыххӕй Sputnik радзырдта зындгонд ирон ахуыргонд,профессор Плиты Гацыр.

ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Марды йӕ фӕстаг балцы афӕндараст кӕныны ӕгъдау ирон адӕмы хуызӕн рӕсугъд никӕмӕ уыдис раг заманты. Зиан фехъусгӕйӕ, стӕй йӕ боны дӕр адӕм фӕдисы уавӕры уыдысты. Фӕстаг фӕндараст зӕгъынмӕ цыдис бирӕ адӕм. "Мах хуызӕн мардмӕ нӕ цӕуынц ӕндӕр рӕтты, азмӕлӕн нал уыди абон нӕ уӕлмӕрдты" — фыста йӕ поэмӕ "Уӕлмӕрдты"-йы Хетӕгкаты Къоста.

Уӕды рӕстӕджы зианмӕ дард рӕттӕй, хохбӕстӕй цыдысты ӕмӕ зианджын йӕ хӕсыл нымадта, цӕмӕй алчидӕр мардӕн рухс зӕгъа ӕмӕ ӕххормагӕй ма аздӕха. Къоста йӕ очерк "Особа"-йы куыд фыссы, уымӕ гӕсгӕ хисты боны хӕрдзтӕ бирӕ уыдысты ӕмӕ сӕ нымайы, цы иу бахъуыд зианӕн — сау кӕрдзын, арахъ тунджитӕй (3 литр), фыдызгъӕл. Фӕлӕ иу адӕм кӕцы фӕнды дуджы дӕр зианы рӕстӕджы кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой.

Ирон чындзӕхсӕв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ

Не ‘гъдауы баззад иу хъуыддаг — марды кӕндтӕн ӕнӕаразгӕ нӕ уыд ӕмӕ ацы миниуджытӕ нӕ адӕмы кодтой мӕгуыр ӕмӕ сӕфты фӕндагмӕ. Кавказмӕ цы бӕлццӕттӕ цыд, уыдонӕй иу афтӕ фыста: "Цы фӕнды ирон лӕг дӕр дыууӕ хисты куы скӕна, уӕд йӕ къухмӕ мӕгуыры лӕдзӕг райсдзӕн". Зианджын лӕг иу йӕ уазӕг кадыл арвитын ӕмӕ мард бавӕрыныл фӕцис ӕмӕ фӕстейӕ чи баззад, уыдон мӕт нал кодта. Уыцы хъуыддӕгтӕ хорзӕй ницы лӕвӕрдтой, фӕлӕ уӕддӕр ирон адӕмӕн зиан уыд иууыл сӕйрагдӕр, ӕгӕрыстӕмӕй, ӕмбисонд дӕр баззад — мардӕй хистӕр ницы ис.

Абон зиан аразыны хъуыддӕгтӕй райгонд не стӕм, фӕлӕ сӕ уӕддӕр ӕххӕст кӕнӕм. Нӕ фыдӕлтӕй нын цы баззад, уыдон сӕйрагдӕр сты, абон цы аразӕм, уымӕй ӕмӕ сӕ хъуамӕ хъахъхъӕнӕм.

Ӕхсӕвӕртӕ

Нӕ фыдӕлты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу лӕг йӕ цардӕй куы ахицӕн, уӕд ӕй ӕртыккаг бонӕй дарддӕр уӕлӕуыл нӕ уагътой. Ӕхсӕв-иу зианмӕ бадгӕ кодтой, хуыдтой сӕ ӕхсӕвбадӕнтӕ. Ӕмӕ абон цытӕ фӕкӕнынц — иу изӕр сыхӕгтӕ ӕрывӕрынц фынг, аннӕ изӕр бинонтӕ — уый ирон адӕммӕ никуы уыд. Уый у ӕнӕпайда хъуыддаг ӕмӕ йыл къух сисын хъӕуы. Фынг-иу ӕрӕвӕрдтой ӕрмӕстдӕр марды фарсмӕ чи бадт, уыдонӕн.

Хъарӕггӕнджытӕ

Стыр мӕлгъӕвзаг уыдысты хъарӕггӕнӕг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ кодтой комӕй-коммӕ. Ӕз мӕхӕдӕг ӕвдисӕн уыдтӕн, сылгоймагӕй-нӕлгоймагӕй, адӕмы-иу хъарӕггӕнӕг куыд фӕкӕуын кодта, фӕлӕ-иу йӕхицӕй цӕссыг дӕр не ‘рхаудта.

Хисты боны кӕндтӕ

Абоны зианы фынгтӕ нӕ фыдӕлты фынгтӕй цӕхгӕр хицӕн кӕнынц. Нӕ фыдӕлтӕ зианы фынгтыл ӕвӕрдтой ӕрмӕстдӕр фыдызгъӕл, арахъхъ, кӕрдзын, ӕгӕрыстӕмӕй цыхт дӕр фӕстӕдӕр фӕзынд. Иуӕй-иу хатт фехъусӕн вӕййы: "Уӕртӕ Дзӕуджыхъӕуы афтӕ кӕныц". Цӕгат Ирыстон нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ хуыздӕр бахъахъхъӕдтой. Махмӕ та хисты ахӕм фынг ныккалынц ӕмӕ цинаджы фынгӕй ницӕмӕй фӕхицӕн кӕны. Уый худинаг у, нӕхи рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ сафӕм ӕмӕ кӕйдӕр гуымир ӕгъдӕуттыл та нӕхи марӕм.

Нӕ фыдӕлтӕ зиан хуыцаубоны не ‘вӕрдтой, уый бынтон карз уыд. Не‘вӕрдтой къуырисӕры, ӕртыццӕджы ӕмӕ майрӕмбоны дӕр. Фӕсивӕд зианмӕ цыдысты лӕггад кӕнынмӕ, уыдон фынгыл нӕ бадтысты.

Зианы рӕгътӕ

Уыдис нӕм зианы фынгыл ӕрмӕстдӕр фондз-авд куывды: фыццаг — Хуыцауы хорзӕх уӕд ӕмӕ зианджынтыл нырӕй фӕстӕмӕ цины хабӕрттӕ цӕуӕд; дыккаг — мард рухсаг уӕд; ӕртыккаг — йӕ фӕстӕ кӕй ныууагъта, уыдон цӕрӕнбонтӕ бирӕ уӕд. Афтӕмӕй фондз уыдаиккой, ӕви авд — рухс ӕмӕ цӕрӕнбон кӕрӕдзи ивтой. Абоны бон зианы мах нырма фӕкӕнӕм рухстытӕ ӕмӕ схизынц суанг 17 онг дӕр. Адӕм фынгӕй фӕцӕуынц, уӕд стӕй та ахизӕм цӕрӕнбонмӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ сыхӕгтӕй райстам ӕмӕ искӕмӕй хъуамӕ хорздзинад райсай. Ам та хорзӕй ницы ис.

Ирон ӕгъдӕуттӕ. Уазӕг ӕмӕ фысым. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон ӕгъдӕуттӕ. Уазӕг ӕмӕ фысым.

Уымӕй дарддӕр ма нын бамбарыны афон у, зианы фынгыл Уастырджийы кой кӕй не ‘мбӕлы кӕнын, уый циндзинадмӕ хауы. Нӕй бар кувӕггаг дӕттын ӕмӕ уӕныстӕг рахӕссын фынгмӕ — уый дӕр цины фынгӕй у.

Цалынмӕ рухс зӕгъой, уӕдмӕ фынгмӕ бавналӕн нӕй, ацы хъуыддӕгтӕ Цӕгат Ирыстоны ныр дӕр хъахъхъӕныц. Зианы фынгтӕ хъуамӕ рахицӕн кӕнӕм цины фынгтӕй, науӕд хынджылӕг кӕнӕм нӕ мардтӕй.

Ӕртӕ сабаты

Нӕ фыдӕлтӕ зианӕн арӕзтой ӕртӕ сабаты. Цалдӕр ӕнӕкъай сылгоймаджы цыдысты уӕлмӕрдмӕ ӕмӕ-иу марды ингӕныл скодтой арт. Уымӕй дарддӕр ницы арӕзтой сабатбоны. Ныр та уыцы ӕгъдау дӕр рохуаты аззад! Фынгтӕ ӕвӕрын сабатбонты у худинаг ӕмӕ йӕ хъӕуы ныууадзын.

Ӕвдӕм бон

Нӕ фыдӕлтӕ ма арӕзтой ӕвдӕм бон. Хил-иу чи дардта, уый иу уыцы бон йӕхи адаста. Сарӕзтой иу чысыл фынг ӕмӕ —иу ӕввахс сыхӕгтӕм фӕдзырдтой.

Дыууиссӕдзӕм бон

Дыууиссӕдзӕм бон ирон адӕммӕ никуы уыд. Абон дӕр Урс Туалтӕ ӕмӕ Едысмӕ ацы хъуыддаг нӕ бахӕццӕ ис. Дзӕуджыхъӕуы дӕр ӕй нӕ зыдтой, фӕлӕ ардыгӕй цы адӕм ныццыдысты, уыдоны ӕхсӕн ӕрфидар. Ногиры та йыл бакодтой хъоды. Махмӕ та у зианы фӕстӕ иууыл стырдӕр бон ӕмӕ йӕ фынгтӕ чындзӕхсӕвы хуызӕн вӕййынц, суанг ма дзы дзыкка дӕр вӕййы.

Саударыны ӕгъдау

Мадӕн-иу йӕ хъӕбул, науӕд та йӕ мой куы амард, уӕд-иу цъында хӕдон сбыдта ӕмӕ йӕ иу афӕдз дардта гом буарыл. Зианджын бинонтӕ азы дӕргъы сӕхи хызтой урс дзаумайӕ. Нӕ фыдӕлтӕй ӕнӕ худӕй зианмӕ ничи цыд, цыбырдысӕй бацӕуын дӕр уыд худинаг.

Куадзӕн

Абон нӕхи аххосӕй куадзӕн схӕццӕ кодтам. Хуыцаубоны йӕ хонӕм Дзуары бон, йӕ фӕстӕ къурисӕр та — мӕрдты бон. Афтӕмӕй та нӕ фыдӕлтӕм куадзӕн уыд Дзуары бон, сцӕттӕ-иу кодтой кувинӕгтӕ, ног мӕрдджынтӕ та иу сӕ зианы ингӕнтӕ бадзӕбӕх кодтой. Ныр та куадзӕн дӕр ракодтой мӕрдты бонмӕ.

Зӕрдӕвӕрӕн

Ног зианджын-иу хъӕубӕсты ӕххуысӕй базылд йӕ уӕлмӕрдмӕ. Зылдысты хӕхтыл, кӕмттыл ӕмӕ агуырдтой, марды риуыл чи аххӕсса, ахӕм къӕй дур. Мардӕн йӕ къӕхты ӕрдыгӕй ӕмӕ йӕ нывӕрзӕны дӕр сагътой хъил дуртӕ. Ингӕнӕй-иу цы сыджыт скалд, уый тымбыл кодтой йӕ риуыл ӕмӕ уый сӕрыл та ӕвӕрдтой нӕутӕ. Дыгуронау уыцы нӕу хуыйны "зӕлдӕ". Ивындзинӕдтӕ ӕрцыд зӕлты ӕхсӕн ӕмӕ йӕ мах абон хонӕм "зӕлдӕвӕрӕн" нӕ, фӕлӕ "зӕрдӕвӕрӕн". Ныр зӕрдӕвӕрӕны кусарт ӕмӕ фынг куыд кӕнынц, афтӕ дӕр ирон адӕммӕ никуы уыд.

Майрӕмкуадзӕн

Майрӕмкуадзӕн ӕрвылаз дӕр вӕййы 28 августы. Ацы бон уӕлмӕрдмӕ ничи цӕуы, фӕлӕ зианӕн хӕдзары бинонтӕ рухс кӕнынц се ‘ввахс адӕмимӕ.

Афӕдзы хист

Афӕдзы бон зианы кӕндтӕй уыд фӕстаг бон. Кодтой кусарт. Нӕлгоймагӕн уагътой дугътӕ, зианджынты сӕ къух куыд амыдта, афтӕ. Дугътӕ уагътой кӕнӕ йӕ боны, кӕнӕ йӕ афӕдзы бон.

Бӕхфӕлдисын

Кӕд иу зианджын бинонтӕн сӕхицӕн нӕ уыд бӕх, уӕд-иу искӕй бӕх ракуырдтой ӕмӕ-иу ӕй фӕлдисынмӕ акодтой ингӕны цурмӕ. Хистӕр лӕг-иу идоныл хӕцыд ӕмӕ фӕлдисыны ӕгъдаумӕ гӕсгӕ раныхас кодта. Археологион зонӕнтӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй уыд ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ-иу лӕгӕн бӕхӕй дарддӕр ныффӕлдыстой йӕ усы дӕр ӕмӕ-иу ын ӕй йемӕ бавӕрдтой. Хъӕзныг лӕгӕн та фӕлдыстой йе ‘ххуырстыты дӕр.

Стӕй йӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстой ацы уӕззау ӕгъдау ӕмӕ ма фӕлдисын райдыдтой ӕрмӕстдӕр дзаумӕттӕ. Иутӕ сӕ зианы фӕлдыст дзаума адӕмыл байуарынц ӕмӕ фӕзӕгъынц: "Йӕ номыл сӕ фӕдар".

Сотиаг

Зианджын бинонтӕн ӕххуысы хуызтӕ райдайӕнӕй фӕстӕмӕ хицӕнтӕ сты, ӕххуыс кодтой хойрагӕй, фосӕй, сотиагӕй. Абоны бон ацы дзырд зонгӕ дӕр ничиуал кӕны. Сотиаг хуыдтой хойраг, кӕцыйы зианы тыххӕй хъавыдысты куыройы ӕрыссынмӕ. Сӕрмагондӕй ма ӕлгъыст дӕр баззад — "ацу дӕ куыройы сотиаг ӕрысс".

Зӕппӕдзтӕ

Марды раздӕр ӕвӕрдтой зӕппӕдзты. Зӕххы бын-иу скъахтой, мидӕгӕй дзы ӕвӕрдтой тӕрхӕджытӕ ӕмӕ-иу марды бадгӕйӕ бавӕрдтой уым. Дуар саразыны фадат дзы кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу ыл стыр къӕй ныффӕлдӕхтой.

Зианы ӕгъдӕутты ма нӕм абон дӕр хорз миниуджытӕ бирӕ ис, уыдон ӕхсӕн зианы рӕстӕджы кӕрӕдзи фарсмӕ кӕй балӕууӕм. Ӕгӕрыстӕмӕй ма ахӕм ӕмбисонд дӕр ис: "Ирон лӕджы йӕ зианы уӕлхъус иунӕгӕй куы ныууадзай, уӕд йӕхӕдӕг йӕ разӕй фӕуыдзӕн".

Ног хабӕртты лентӕ
0