Тасойты Дмитрийы ссӕрибар кодтой УФ-йы арæныл æрурæды фӕстӕ

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæХуссарирыстойнаг–уæрæсейаг арæн
Хуссарирыстойнаг–уæрæсейаг арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламентарийы ныр æртыккаг хатт æрурæдтой хуссарирыстойнаг–уæрæсейаг арæныл, уымæн æмæ йæ ном ис Интерполы хаххыл дунейон агуырды бæрæггæнæнты базæйы Гуырдзыстоны домæнмæ гæсгæ.

ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты вице-спикер Тасойты Дмитрийы ссæрибар кодтой, æртыццæджы йæ хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæныл уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы" куы æрцахстой, уый фæстæ, фехъусын кодта Sputnik парламентарий йæхæдæг.

"Æмбарын дæр мын нæ бакодтой, цæй тыххæй мæ æрцахстой. Бакодтой мæ хатæнмæ. Загътон сын, Хуссар Ирыстоны парламенты вице-спикер кæй дæн. Ныртæккæ ахызтæн арæны сæртыл æмæ дарддæр кæнын мæ балц Цæгат Ирыстонмæ", — загъта Тасойты Дмитрий Sputnik уацхæссæгæн телефонæй.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уый æрцахстой, йæ ном Интерполы хаххыл дунейон агуырды бæрæггæнæнты базæйы Гуырдзыстоны домæнмæ гæсгæ кæй ис, уый тыххæй.

Тасойты Дмитрийы æрцахстой, Хуссар Ирыстонæй Уæрæсемæ куы фæцæйцыд, уæд. Арæныл хызт хуссарирыстоны æмбæстаджы паспорт бавдисгæйæ. Уый ма у уæрæсейаг æмбæстаг дæр.

Раздæр ма ацы æфсонæй, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы арæныл урæд æрцыд хуссарирыстойнаг парламенты депутат Бестауты Бала. Афтæ ма ахæм уавæры бахаудысты цалдæр хуссарирыстойнаг æмбæстаджы, кæцытæ истой активон хайад 1989-2008 азты гуырдзиаг агрессортæй сæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Тбилиси сæ радты дунейон агуырдмæ Интерполы хаххыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0