ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Дзæуджыхъæуы байгом равдыст "Европӕйы тӕмӕн" — Европӕ ирон нывгæнджыты цæстæй. Равдысты адӕмы размæ рахастой, континентыл æрзилгæйæ, нывгӕнджытӕн цы тӕлмӕнтӕ баззад, уыдон, хъусын кӕны ПТРК "Алания".
"Нывгæнджытæ бирӕ бæстæты бабæрæг кодтой программæ "Ирон культурæйы бонтæ Европæйы" æххæстгæнгæйæ. Уый фæстæ равдыст "Европы тӕмӕн" ацыд Мæскуыйы æмæ Цхинвалы. Ацы куыстытæй нывгæнджытæ бахыгътой сæ 5 азы сфæлдыстадон архайд", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Нывгӕнджытӕ фæсарæнты сæрыстырæй бахъахъхъæдтой æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы кад дæр. Мæскуыйы æмæ Цхинвалы ацы равдыст адæммæ стыр цымыдисдзинад кæй сæвзæрын кодта, уымæ гæсгæ йæ сфæнд кодтой Уæрæсейы иннæ регионты дæр равдисын.
Фæстæдæр ацы равдыст фендзысты фæсарæнты сæйраг сахарты. 2016-æм азы ирон нывгæнджыты сфæлдыстадимæ базонгæ уыдзысты Берлины, Брюсселы, Парижы, Римы æмæ Люксембурджы аивадуарзджытæ.