Дзӕуджыхъӕуы филармонийы реконструкцийӕн меценаттӕ ӕрӕмбырд кодтой 50 милуан сомы

© Sputnik / Дрерасса БиазартиЦӕгат Ирыстоны паддзахадон филармони
Цӕгат Ирыстоны паддзахадон филармони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы филармонийы уникалон бӕстыхай уыд ӕдзӕллаг уавӕры ӕмӕ цадӕггай райдыдта пырх кӕнын.Меценаттӕ арӕзтадӕн рауӕлдай кодтой 50 милуан сомы.

ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы капиталон ӕгъдауӕй цалцӕг ӕрцӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны паддзахадон филармони, хъусын кӕны "Российская газета".

Дзӕуджыхъӕуы филармонийы уникалон бӕстыхай уыд ӕдзӕллаг уавӕры ӕмӕ цадӕггай райдыдта пырх кӕнын.

Куыстытӕ уагъд ӕрцӕвдзысты Цӕгат Кавказы амалиуӕггӕнджыты финансон ӕххуысӕй. Меценаттӕ арӕзтадӕн рауӕлдай кодтой 50 милуан сомы.

"Филармонийы ӕрцӕудзӕн реконструкци, раздӕры агъуыстӕй ма баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр йӕ бындур ӕмӕ систӕ. Уымӕй дарддӕр ма бӕстыхайы фӕзындзӕн ног хатӕнтӕ репетици кӕнынӕн", — дзырдӕуы ӕрмӕджы.

Куыстыты рӕстӕджы коллетив сӕ архайд дарддӕр кӕнынц композиторты цӕдисы бӕстыхайы. Арӕзтад фӕнд кӕнынц фӕуын 2016 азы сентябры мӕймӕ. Стӕй бӕстыхайы къулыл конд ӕрцӕудзӕн, йӕ арӕзтадӕн сӕхи фӕндмӕ гӕсгӕ финасон фӕрӕзтӕ чи рахицӕн кодта, уыцы амалиуӕггӕнджыты номхыгъд.

Дзӕуджыхъӕуы филармони ис кирхайы бӕстыхайы, кӕцы арӕзт ӕрцыд 150 азы размӕ. Ам хицӕн ӕзты куыстой Гӕбӕраты Илья, Гергиты Валерий ӕмӕ ӕндӕр зындгонд адӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0