Куыд балхӕнӕм Цхинвалы "тобӕгонд" петардӕтӕ?

© Sputnik / Руслан ТадтаевПитардӕтӕ
Питардӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, æрвылбонон кусæгон басгæрстытæм (уыдон нымæцы кусæгон куыйтимæ) æнæкæсгæйæ, ногазон базары фадат ис æнæцæлхдуртæй петардæтæ балхæнын. Sputnik уацхæсджытæн уæйгæнджытæ æнæвгъауæй фадат дæттой тобæгонд пиротехникæйы цалдæр хуызæй равзарын.

ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik, Козаты Дианæ. Пиротехникон æрмæджытæ цы амалиуæггæнджытæ реализаци кæнынц, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсы административон бафхæрд. Мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ райдыдтой уадзын рейдтæ, цæмæй тæрхджытыл ма уа тæссаг "хъазæнтæ". Уыцы хъуыддаджы сын æххуыс кæнынц ахуыр куыйтæ.

Горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы сæргълæууæг Наниты Игорь фехъусын кодта Sputnik, ведомствӕйы кусджытæ кæй уадзынц æрвылбонон рейдтæ, кæцытæ адарддæр уыдзысты 31 декабрмæ.

"Нæ кусджытæ ныридæгæн контролон æлхæд бакодтой пиротехникæ. Йæ уæй кæнын кæд цалдæр аз у тобæгонд, уæддæр кæцыдæр амалиуæггæнджытæ дарддæр халынц закъон, тæрхæджы бынæй тобæгонд продукци уæйгæнгæйæ", — загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, пиротехникон продукци байсынц æмæ йæ скуынæг кæнынц. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, амалиуæггæнджытæ барвæндонæй куы радтой тобæгонд продукци, уæд æфхæрд не ‘рцæудзысты. Науæд, административон протокол саразыны фæстæ, хъуыддæгтæ лæвæрд æрцæудзысты тæрхондонмæ, кæцы рахæсдзæн йæ уынаффæ.

"Амалиуæггæнджыты æхсæн уагъд цæуы профилактикон куыст. Мах сидæм цæрджытæм, цæмæй ныййарджытæ бахизой сæ сывæллæтты тæссаг пиротехникон продукцийæ. Ахæм куыст ма уагъд цæуы скъолаты дæр", — загъта Нанийы фырт.

Sputnik уацхæсджытæ дæр сарæзтой контролон балхæд, басгæрстой, хъахъхъæнынц æви нæ уæйгæнджытæ ацы тобæ. Куыд рабæрæг, афтӕмӕй, милицийы фæдзæхстытæм æнæкæсгæйæ, петардæтæ Цхинвалы ис сæрибарæй балхæнӕн. Агентады уацхæсджытæ цы уæйгæнджытæм бахатыдысты, уыдонæй иудæр "нæ" нæ загъта. Уымæй дарддæр ма сæм уыд пиротехникæйæ цалдæр хуызы — асламæй зынаргъы онг.

Мах æнæцæлхдуртæй балхæдтам петардæты дыууæ чысыл къоппы (иу къоппы аргъ — 30 сомы) æмæ иу та стырдæр, 150 сомæй.

© Sputnik / Руслан ТадтаевУӕйгӕнӕг къоппыты бынӕй сласта питардӕтӕ
Продавщица достает спрятанные петарды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕйгӕнӕг къоппыты бынӕй сласта питардӕтӕ

Уæйгæнджытæй дыууæйæ систой петардæтæ сæ уæлæдарæсы дзыппытæй. Æртыккаг та равдыста дызæрдыгдзинад, зæгъгæ, ацы продукцийæн нæй уæй кæныны бар.

"Нырма нын нæй сæ уæй кæныны бар, фæлæ нæм фæстæдæр уыдзысты", — загъта уæйгæнджытæй иу.

Ацы "эксперимент" рафæлгъау кодта, зианхæссæг "хъазæнтæ" балхæныны фадат кæй ис алкæмæн дæр. Фæлæ намысцух амалиуæггæнджытæ ууыл нæ хъуыды кæнынц, æмæ тас кæй хæссынц нæ сывæллæтты æнæниздзинадæн.

Кæд ныййарджытæ карзæй фæдзæхсынц сæ сывæллæтты, уæддæр æрцæуынц æнамонд цаутæ. Фарон ногазон æхсæв петардæ зиан æрхаста Знауыры районы цыппараздзыд сывæллонæн. Петардæ спырх йæ къухты æмæ сывæллон йæ иу цæстæй бакуырм. Уæдæй фæстæмæ уымæн арæзт æрцыд цалдæр уæззау операци, фæлæ йæ иу цæстæй нырма не ‘суыдта.

Ног хабӕртты лентӕ
0