Хуссар Иры президент йæ бынатæй ссæрибар кодта хъахъхъæнынады министры

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Валерий Яхновец
Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Валерий Яхновец - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министр йæ бынатæй сæрибар æрцыд йæхи куырдиатмæ гæсгæ.

ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Валерий Яхновец сæрибар æрцыд йæ бынатæй, фехъусын кодтой Sputnik президент æмæ хицауады пресс-службæйы.

"Инæлар-лейтенант Валерий Яхновец сæрибар æрцыд йæ бынатæй йæхи куырдиатмæ гæсгæ", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Яхновец хъахъхъæнынады министрады сæргъ лæууыд 2010 азы июлæй. 2008 азы уæрæсейаг æфсады сконды активон хайад иста Гуырдзыстоны сабырадмæ тыхæй æркæныны операцийы.

Йӕ хӕстӕ йын рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕны министры хӕдивӕг Гассеты Ибрагим.

Ног хабӕртты лентӕ
0