Парламент æрæхгæндзæн æууилгæ тамако "снюс"-ы реализаци

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны нал уæй кæндзысты "снюс". Скъоладзауты æхсæн снюс популярон кæй у, уый фæдыл Sputnik сайтыл цалдæр публикацийы фæстæ, парламенты фехъусын кодтой, бынтондæр кæй æрæхгæндзысты йæ реализаци.

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон политикæйы парламентон комитет раразмӕ кодта инициативæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны бынтондæр æрæхгæной "снюс"-ы реализаци. 

Фарстыл дзырд цыд комитеты рабадты, цыран райстой хайад тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны министрæдты минæвæрттæ.

Уæрæсейы тобæгонд цы снюс у, уый цхинвайлаг сабитӕ ӕлхӕнынц сæрибарæй

Парламентон комитеты сæргълæууæг Козонты Алан банысан кодта, фæстаг рæстæджы цхинвайлаг скъоладзауты æхсæн "снюс" кæй ссис тынг популярон.

"Уый у тамакойæ æрмæг, йе сконды ис никотин. Иу порцийы дзы никотины уæвынад у фондз хатты фылдæр, хуымæтæг тамакоимæ абаргæйæ. Никотинæй пайдагæнджытæ уайтагъд бахауынц уымæй физикон æмæ психикон амынæты. Уый æппӕрццагæй æндавы ахсæн æмæ дæлахсæн рæзынджытыл ӕмӕ зианхæссæг у æвзонг фæлтæрæн", — загъта депутат.

Хуссар Ирыстоны парламент фæнд кæны рахæссын уынаффæ, цæмæй республикӕйы территорийыл ма уа бар снюс уæй кæныны æмæ уымæй пайда кæныны бар. Æввахс рæстæджы ацы фарст рахаст æрцæудзæн президиумы парламенты æввахс рабадтмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0