Хуссар Ирыстоны валютӕ ивд цӕуы ӕнӕкъуыхцыйӕ

© Sputnik / Александр Демьянчук /  Ахизын медиабанкмæВалютӕ
Валютӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы валютӕйы гуырахст нӕу ахадгӕ, фылдӕр бӕрцӕй пайда кӕнынц уӕрӕсейаг сомӕй.

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны нӕй цӕлхдуртӕ валютӕ баивыны хъуыддаджы, фехъусын кодта Sputnik къуырисӕры Националон банчы сӕрдар Зассеты Феликс. Уыимӕ иумӕ Зассейы фырт банысан кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы ног закъоны райстимӕ, Хуссар Иры дӕр гӕнӕн ис ӕмӕ фӕкарздӕр уа фӕсарӕйнаг ӕхца баивыны фӕтк.

УФ централон банк 27 декабрӕй фӕкарздӕр кодта валюта ивыны фӕтк 15 мин сомӕй фылдӕр фӕрӕзтӕн. Уыдон бамбарын кодтой, зӕгъгӕ, ацы ивындзинӕдтӕ арӕзт цӕуынц ӕфтиаг бамбӕхсыны ныхмӕ тохы ӕмӕ террористты финансон фӕрӕзтӕй ифтонг ма руадзыны фӕлгӕтты.

"Хуссар Ирыстоны Нацбанк валютӕимӕ операцитӕ нӕ аразы, уымӕ гӕсгӕ финансон фӕрӕзтӕ ивыны фӕткы ӕмӕ бӕрцыл гæрæн æвæрыны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад нӕй. Фӕлӕ куы бахъӕуа, уӕд мах дӕр Уӕрӕсемӕ ӕнгӕс ивындзинӕдтӕ сфидар кӕндзыстӕм. Хуссар Ирыстоны барад цы фадгутыл не ‘ххӕссы, уым фӕпайда кӕнӕм уӕрӕсейаг закъӕттӕй", — банысан кодта Зассеты Феликс.

Нацбанчы сӕрдар бамбарын кодта, валютӕйы бӕрц цӕрджытӕм ӕмӕ чысыл нымӕц коммерцион банктӕн ахадгӕ не сты, уымӕ гӕсгӕ нӕ домынц хицауады органты ӕрдыгӕй сӕрмагонд хъусдард. Цӕрджытӕ ӕмӕ амалиуӕггӕнджытӕ архайынц уӕрӕсейаг ӕхцайӕ, уый у Хуссар Ирыстоны официалон валютӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0