Æвзонг æмкъæйттæ фæмард сты "Бурон – Цей"-йы фæндагыл

© Sputnik / Дзерасса БиазартиТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Бурон – Цей"-йы фæндагыл машинæ былæй кæй ахауд, уый фæстиуæгæн фæмард сты æвзонг æмкъæйттæ.

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. "Бурон — Цей"-йы фæндаджы фадыгыл машинæ "Нива" былæй кæй ахауд, уый фæстиуæгæн фæмард сты цыппар адӕймаджы, хъусын кæны 15 регион.

Фæндагон-транспортон цау æрцыд хуыцаубоны, 21:00 сахатыл.

Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй фæмардуæвджытæ æрцæйцыдысты Мæздæджы районæй. Æртæ адæймаджы — шофыр æмæ пассажир (дыууæ дæр 1981 азы гуырд), æмæ ма иу сылгоймаг (1986 азы гуырд) — фæмард сты бынаты. Цыппæрæм сылгоймаг (1983 а.г.) амард Нузалы рынчындоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0