"Симд" ахӕсдзӕн Белградмæ концерт

© Sputnik / Ада БагианАнсамбль "Симд"
Ансамбль Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коцерты тыххӕй бадзырдтой, Сербаг рæстдинон дзуары делегаци Хуссар Ирыстоны минæварадмæ куы фæуазæг ис, уый рæстæджы.

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ансамбль "Симд" йæ дæсниад равдисдзæн Белграды, фехъусын кодтой Sputnik Уæрæсейы уæвæг Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæйы.

Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамблы концерты тыххæй бадзырдтой, Сербаг рæстдинон дзуары делегаци Хуссар Ирыстоны минæварадмæ куы фæуазæг, уый рæстæджы. Нывæзты ма ис 2016 азы хуссарирыстойнаг скъоладзауты балц сербаг æхсæнадæмон лагермæ.

Уазджыты æхсæн уыд Патриарх Сербаг Ириней Диэн Павле Накичы сæрмагонд секретарь Протодиакон Владимир, афтæ ма меценат Уалыты Гела.

© пресс-служба посольства РЮО в РФУазджыты æхсæн уыд Патриарх Сербаг Ириней Диэн Павле Накичы сæрмагонд секретарь Протодиакон Владимир, афтæ ма меценат Уалыты Гела.
Встреча в посольстве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уазджыты æхсæн уыд Патриарх Сербаг Ириней Диэн Павле Накичы сæрмагонд секретарь Протодиакон Владимир, афтæ ма меценат Уалыты Гела.

Хæларадон ныхасы рæстæджы Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр банысан кодта, дыууæ хъæбатыр адæмыхатты фыццаджыдæр кæй иу кæны рæстдинон уырнынад, æцæг монон хæзнатæ æмæ традицитæ бахъахъхъæныны фæндон.

Æххæстбарджын минæвар раарфæ кодта Патриарх Сербаг Иеренейæн сæ балцы тыххæй æмæ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды номæй бузныг загъта, ацы аз хуссарирыстойнаг сывæллæттæн лæвæрд кæй æрцыд фадат æхсæнадæмон рæстдинон лагерь Сокограды сæ улæфт суадзын, уый тыххӕй.

Диэн Накич æмæ Уалыты Гела раарфæ кодтой Гасситы Знауырæн ацы хæларадон фембæлды тыххæй æмæ ныфс бавæрдтой, ахæм хорз хъуыддæгтæ æнустæм кæй баззайынц æмæ кæй фидар кæнынц рæстдинон дунейы бастдзинæдтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0