Президент ӕрсидт Хуссар Иры ном Хуссар Ирыстон-Аланимӕ раивын

© Sputnik / Руслан ТадтаевПрезидент Тыбылты Леонид
Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид ныфс бавӕрдта, Хуссар Ирыстоны кӕй не ‘руадздзысты, цӕмӕй ирон адӕмы истори Кавказы ӕндӕр адӕмтӕ сӕхи бакӕной. Президент ӕрсидт, цӕмӕй бавналой республикӕйы ном Хуссар Ирыстон-Аланимӕ раивыныл бакусынмӕ.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид бахӕс кодта йӕ администрацийӕн, цӕмӕй бакусой республикӕйы ном Хуссар Ирыстон-Аланимӕ раивыныл. Уый оххыл бӕстӕйы сӕргълӕууӕг арвитдзӕн ныстуан парламентмӕ дӕр, фехъусын кодта президент йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы.

Цхинвалы ацыд президенты хыгъдон пресс-конференци. Хайад дзы райстой журналисттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

"Бирӕ адӕмтӕ архайынц сӕ истори фӕивын ӕмӕ искӕй истори сӕхи бакӕнын. Хуссар Ирыстоны дисы фафтыдта, Мӕхъӕлы "Алайнаг дуӕрттӕ" кӕй бакодтой, уыцы хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дуне зоны, ирӕттӕ кӕй сты скифтӕ ӕмӕ аланты фӕдонтӕ. Мах не ‘руадздзыстӕм, цӕмӕй нын нӕ истори сӕхи бакӕной", — загъта Тыбылты Леонид.

Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый рахаста уынаффӕ — ӕрцыд рӕстӕг бӕстӕйы ном фӕивын ӕмӕ йӕм бафтауын "Алани". Уый ма бафиппайдта, президенты администрацийӕн хӕсгонд кӕй ӕрцӕудзӕн ацы фарстыл бакусын ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ та бавдисдзысты парламентмӕ.

"Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, Ирыстоны дыууӕ хай баиу уыдзысты ӕмӕ иугонд Ирыстон бацӕудзӕн Уӕрӕсейы Федерацийы скондмӕ", — бафтыдта ма йӕ ныхӕстӕм президент.

Октябры Тыбылты Леонид раразмӕ кода фӕнд Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фарсты фӕдыл референдум ауадзын. Фӕлӕ референдум ауадзыны ӕмгъуыд бӕлвырдӕй не ‘снысан кодта, ӕрмӕст банысан кодта, кӕй йӕ ауадздзысты радон президентон ӕвзӕрстыты агъоммӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0