Хуссар Иры фӕнд кӕны Газмпромы ӕххуысӕй хъӕутӕ газӕй сифтонг кӕнын

© Sputnik / Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæГазы хӕтӕл Дзуарыхъӕу - Цхинвал
Газы хӕтӕл Дзуарыхъӕу - Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны районтӕ ӕрдзон газӕй сифтонг кӕныны фарстытыл Тыбылты Леонид ӕрдзурдзӕн Газпромы къухдариуӕгадимӕ.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон уӕрӕсейаг компани Газпромы къухдариуӕгадимӕ уынаффӕ кӕны республикӕйы газӕй сифтонг кӕны фӕдыл генплан сӕххӕст кӕныны фарстытыл, фехъусын кодта президент Тыбылты Леонид хыгъдон пресс-конференцийы рӕстӕджы.

Июны республикӕйы къухдариуӕггӕнӕг сфидар кодта генералон нывӕзт 190 цӕрӕн пункт газӕй сифтонг кӕныны фӕдыл. Уый хъуамӕ ӕххӕст ӕрцӕуа 2025 азмӕ. Проект лӕууы 1,6 миллиард сомы ӕмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн дыууӕ этапӕй.

"Развӕлгъау дзырд стӕм Газпромы къухдариуӕггӕнӕг Алексей Миллеримӕ фембӕлыны тыххӕй. Фембӕлды рӕстӕджы ӕз ӕрныхас кӕндзынӕн, цӕмӕй республикӕ газӕй ифтонг ӕрцӕуа Газпромӕн йӕхи хӕрдзтӕй ӕмӕ стӕй цӕрджыты фиддонтӕй цы ӕфтиаг цӕуа, уый дӕр исдзӕн уӕрӕсейаг компани", — загъта Тыблты Леонид.

Уый ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта, республикӕйы районтӕ газӕй сфитонг кӕныны пункт хаст кӕй не ‘рцыд сфидаргонд ӕртӕазон Инвестицион нывӕзтмӕ, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хаст не ‘рцӕудзӕн ӕндӕр ӕнгӕс программӕтӕм дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, банысан кодта президент, ацы проблемӕ хъӕуы ӕндӕр амӕлттӕй аскъуыддзаг кӕнын.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, зӕгъгӕ, хъӕутӕ ӕрдзон газӕй сифтонг кӕныны хъуыддаг бирӕ бӕрцӕй фӕахъаз уыдзӕн республикӕйы ӕрдзон ресурс бахъахъхъӕнынӕн, уӕлдайдӕр та йӕ хъӕд.

Ныртӕккӕ газӕй ифтонг у ӕрмӕстдӕр республикӕйы столицӕ Цхинвал ӕмӕ Цхинвалы районы иу хъӕу. 2009 азы Газпром сарӕзта ӕмӕ скусын кодта газы хӕтӕл Дзуарыхъӕу — Цхинвал.

Ног хабӕртты лентӕ
0