Цхинвалы равзардзысты иууыл рӕсугъддӕр наз бӕлас

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы равзардзысты иууыл рӕсугъддӕр наз бӕлас
Цхинвалы равзардзысты иууыл рӕсугъддӕр наз бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иууыл аивдӕр наз бӕлас фӕбӕрӕг уыдзӕн 3 январы. Ӕртӕ рӕсугъддӕр наз бӕлас цы районты цӕрджытӕ сфӕлындой, уыдон райсдзысты ӕхцайы премитӕ.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты равзардзысты иууыл рӕсугъддӕр наз бӕлас. Ногазон бӕлас иууыл аивдӕр чи сфӕлында, уыдон Цхинвалы администраци схорзӕхджын кӕндзӕн ӕхцайы премитӕй, фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

Цхинвалы аивдӕр наз бӕлас, йӕ алфамблай территорийы фӕлыст ӕмӕ йӕ цуры мадзӕлттӕн саргъ кӕндзысты 3 январы.

"Горӕты микрорайонтӕй конкурсы хайад исыны фӕнд чи кӕны, уыдон Цхинвалы администрацийы регистраци цӕуынц развӕлгъау, къуырисӕрӕй фӕстӕмӕ. Жюрийы уӕнгтӕ ӕвзардзысты цалдӕр здӕхӕны: рӕсугъддӕр наз бӕлас, ногазон мадзал, йӕ алыварс территорийы фӕлыст ӕмӕ ӕндӕртӕ", — загъта уагдоны пресс-секретарь Коцты Зарина.

Ӕрвылаз дӕр горӕты администрацийы сӕрмагонд къамисы уӕнгтӕ равзарынц Цхинвалы ӕртӕ рӕсугъддӕр наз бӕласы. Азӕй-азмӕ фылдӕр кӕны хайадисджыты нымӕц.

Ног хабӕртты лентӕ
0