ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Барадхъахъхъӕнӕг органты 600 кусӕджы архайдзысты ӕхӕсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕныныл ногазон бӕрӕгбонты рӕстӕджы. Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд сконд рахызт фӕтыхджындӕргонд режиммӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Бирӕ адӕмы хайадистӕй цы мадзӕлттӕ цӕуой, уыдонмӕ хӕстӕг ӕвӕрд ӕрцӕудзысты милицийы уӕлӕмхас постытӕ. Фӕнд кӕныц сӕвӕрын ӕфсӕн ӕмбондтӕ ӕмӕ контролон-уадзӕн пункттӕ. Уадзӕн пункттыл металлодетекторты фӕрцы сгардзысты адӕмы", — загъта агентады ныхасæмбал.
Уымӕй дарддӕр ма, барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ тох кӕндзысты ӕнӕзакъонон ӕгъдауӕй хӕцӕнгарзӕй ногазон бӕрӕгбонты рӕстӕджы спайда кӕныны ныхмӕ.
"Хӕцӕнгарзӕй ногазон бӕрӕгбоны рӕстӕджы спайда кӕнын нымад цӕудзӕн ӕнӕзаконон архайыдыл", — загътой мидхъуыддӕгты министрады.
Уагдоны къухдариуӕгад радта хӕслӕвӕрд Мидхъуыддӕгты министрады экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕныны управленийӕн, цӕмӕй массон мадзӕлттӕ кӕм цӕуа, уыдонмӕ хӕстӕг нозт уӕй кӕнын ма руадзой.