Хуссар Ирыстон æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ арæн ногазон бонты

Гуырдзыстонимæ арæн
Гуырдзыстонимæ арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ-ы президенты хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстонимæ арæны æрæхгæд у æнæмæнгхъæуæг мадзал ногазон бонты республикæйы æдасдзинады тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæн Гуырдзыстонимæ 31 декабры æмæ 1 январы уыдзæн æхгæд, фехъусын кодта ПÆК-ы сæргълæууæджы хæдивæг Дзабиты Эдуард республикæйы президентмæ æмбырды рæстæджы.

Æмбырды хайадисджытæ æрдзырдтой, республикæйы территорийыл ногазон бонты фæткæвæрд æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл Тыбылты Леонид йæ къух цы нывæзтыл бафыста, ууыл.

"Нывæзтмæ гæсгæ 31 декабрæй 1 январмæ æхсæв (9:00 — 21:00) Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункттӕ уыдзысты ӕхгӕд", — фехъусын кодта Дзабиты Эдуард.

Паддзахады сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, æрæхгæд у æнæмæнгхъæуæг мадзал ногазон бонты республикæйы æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй.

"Дунейы æфсæддон-политикон уавæр у вазыгджын. Уæрæсе дарддæр дæр исы æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ дунейон æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл. Нæ республикæйы æдасдзинады службæ хъуамæ куса фæтыхджындæргонд режимы, уæлдайдæр та Гуырдзыстоны территорийыл ИП-ы хотыхджын адæм кæй ис, уыцы информацийы фæстæ", — банысан кодта президент.

Æхсæнадон уагæвæрдмæ мадзæлтты рæстæджы сæ хъус дардзысты мидхъуыддæгты министрады кусджытæй 600-æй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0