Архиепископ Зосимайы ацыды фӕдыл информаци у ӕнӕбындур

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæАрхиепископ Зосима
Архиепископ Зосима - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуккаг епархийы фехъусын кодтой, архиепископ Зосима дарддæр дæр кæй у епархийы архиерей.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Уæрæсейаг рæстдинон дзуары Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи мæнгæй равдыста информаци, ома архиепископ Зосима йæ лæмæгъ æнæниздзинады фæстиуæгæн ныууагъта йæ лæггад РЦИ-ы территорийыл, хъусын кæны епархийы официалон сайт.

Знон массон информацийы фæрæзтæ фехъусын кодтой, архиепископ Зосима кæй цæуы Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы архиерейы бынатæй æмæ цæуы Мæскуымæ йе ‘нæниздзинадæн хос кæнынмæ. Публикацитæм гæсгæ, иерархы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй нысангонд æрцыд Алайнаг Фынæттаг нæлгоймæгты моладзандоны игумен Стефан (Дзугкоты).

"Ацы хъусинæгтæ сты æнæбындур. Официалонæй хъусын кæнæм, архиепископ Зосима дарддæр дæр кӕй у Дзæуджыхъæуккаг епархийы архиерей", — дзырдæуы хъусинаджы.

Епархийы ма банысан кодтой, "ныртæккæ иерарх кæй цæуы нывæзтон басгæрст мæскуыйаг клиникæтæй иуы".

Ног хабӕртты лентӕ
0