Игуменья Ноннайӕн радтой ирон паспорт ӕмӕ Хӕларады Орден

© Sputnik / Дина ГассиеваИгуменья Ноннайӕн радтой Хуссар Ирыстоны паспорт ӕмӕ Хӕларады Орден
Игуменья Ноннайӕн радтой Хуссар Ирыстоны паспорт ӕмӕ Хӕларады Орден - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дины кусӕг хорзӕхджын ӕрцыд ирон адӕмы монон ӕмӕ культурон ӕгъдӕуттӕ сӕндидзын кӕныны тыххӕй ӕмӕ ма 2008 азы Гуырдзыйы агрессийы рӕстӕджы йӕ гуырахстджын ӕххуысы тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид радта Алагиры сылгоймӕгты моладзандоны игуменья Ноннайӕн (Багаты) Хуссар Ирыстоны паспорт ӕмӕ Хӕларады Орден.

Барамынды дзырдӕуы, дины кусӕг хорзӕхджын кӕй цӕуы "ирон адӕмы монон ӕмӕ культурон ӕгъдӕуттӕ сӕндидзын кӕныны тыххӕй, афтӕ ма 2008 азы Гуырдзыйы агрессийы рӕстӕджы йӕ гуырахстджын ӕххуысы тыххӕй".

Президент хъусдард аздӕхта моладзанты ӕндӕр ӕххуысмӕ дӕр, сӕрмагондӕй банысан кодта, моладзандоны цуры цы реабилитацион центр ис, уым хуссарирыстойнаг сабитӕн кӕй бакӕнынц стыр лӕггад.

Мад Нонна банысан кодта, зӕгъгӕ, моладзандоны кувынц Ирыстоны иудзинадӕн, цин кӕнынц ирон адӕмы ӕнтыстытыл ӕмӕ цӕттӕ сты адӕмы монон иудзинадыл кусынмӕ.

Афтӕ ма президент ӕмӕ игуменья ӕрныхас кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейаг рӕстдинон аргъуаны дзуары арӕзтадыл дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0