Хуссар Иры уӕвӕг ӕфсӕддон базӕйы цӕттӕдзинад фӕхуыздӕр ис 1,5 хатты

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры уӕвӕг ӕфсӕддон базӕ
Хуссар Иры уӕвӕг ӕфсӕддон базӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕмӕ Цӕгат Кавказы хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕддонтӕ азы дӕргъы ауагътой цыппар мин контролон ӕхсты ӕмӕ дыууӕ мин хатты та ахуыртӕ ӕфсӕддон техникӕ скъӕрынӕй.

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕмӕ Цӕгат Кавказы хуссар ӕфсӕддон зылды ахуыргӕнӕн-тохгӕнӕн мадзӕлттӕ фӕфылдӕр сты 2015 азы 1,5 хатты, фехъусын кодтой ӕртыццӕджы Sputnik Хуссар ӕфсӕдтон зылды (ХӔЗ) пресс-службӕйы.

Азы дӕргъы ӕфсӕддонтӕ ауагътой ахуыртӕ ӕхсынӕй цыппар мин хатты ӕмӕ дыууӕ мин хыгъдон фӕлтӕрӕны та ӕфсӕддон машинӕтӕ скъӕрынӕй.

"Ахуыргӕнӕн мадзӕлтты архайдтой ӕнӕпилотон апапраттӕ, нырыккон танктӕ Т-72Б3 ӕмӕ Т-90А, ӕфсӕддон машинӕтӕ БМП-3 ӕмӕ бронетранспортертӕ БТР-82А, ӕмӕхсты системӕ "Торнадо", разӕсгарӕн комплекс "Зоопарк" ӕмӕ ӕндӕртӕ", — загъта ХӔЗ-ы минӕвар.

Пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, цӕттӕгӕнӕн мадзӕлтты рӕстӕджы хайадтӕн уыд 400 ахуыры, взводтӕн 120 ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Ӕрвылбон дӕр ахуыргӕнӕн-ӕфсӕддон мадзӕлтты рӕстӕджы полигон вӕййы йедзаг 90-100%.

Ног хабӕртты лентӕ
0