Хуссар Ирыстоны сӕйраг наз бӕлас конд ӕрцыд, сабидӕтты ӕмӕ скъолаты ауагътой бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, чысыл сабитӕ скодтой аргъӕутты персонажты дзаумӕттӕ.
Ныридӕгӕн республикӕ йӕхи цӕттӕ кӕны ног азмӕ. Нырмӕ кӕмӕн нӕ бантыст, уыдон фӕлындынц сӕ наз бӕлӕстӕ ӕмӕ ӕлхӕнынц хъазӕнтӕ.
Ӕфсинтӕ цӕттӕ кӕныц ногазон фынгтӕ, ӕлхӕнынц продукттӕ. Сабитӕ та сӕ зӕрдыл ӕрдарынц, ӕгас аз сӕхи куыд дардтой ӕмӕ скъуыддзаг кӕнынц, Митын Дада сын сӕ уагахаст хорзыл банмайдзӕн, ӕви нӕ, лӕвар ӕрбахӕсдзӕн, ӕви нӕ.

1/13
© Sputnik / Ада Багиан
Цхинвалы Театралон фӕзуаты цытджын уавӕры бакодтой Наз бӕлас.

2/13
© Sputnik / Ада Багиан
Бӕрӕгбон йӕ тыхы бацыд.

3/13
© Sputnik / Михаил Хасиев
Уый размӕ цыдысты цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ.

4/13
© Sputnik / Ада Багиан
Куыд фӕнды сисгӕйӕ дӕр, сабитӕн ног азы сӕйрагдӕр у наз бӕлас ӕмӕ лӕвӕрттӕ!

5/13
© Sputnik / Ада Багиан
Наз бӕлас балхӕнӕн ис сӕрмагонд базары. Ӕрласта сӕ хъӕды хӕдзарады управлени.

6/13
© Sputnik / Михаил Хасиев
Бӕрӕгбоны рӕстӕджы иутӕ аудынц ӕрдзыл, аннӕтӕ катай кӕныц удӕгас наз бӕлас балхӕныныл.

7/13
© Sputnik / Ада Багиан
Ӕрбалӕугӕ азы символ дӕр нӕм сиды, цӕмӕй уӕм хъӕлдзӕг ӕмӕ мидбылхудгӕ.

8/13
© Sputnik / Ада Багиан
Алыгъуызон хъазӕнтӕ.

9/13
© Sputnik / Ада Багиан
Гӕнӕн ис ссарын 2016 азы символ кавказаг ӕндӕвдадимӕ дӕр.

10/13
© Sputnik / Ада Багиан
Республикӕйы чысыл хуртӕн фадат ис, цӕмӕй скӕной бӕрӕгбонон дарӕс ӕмӕ аргъӕутты персонажты костюмтӕ дӕр

11/13
© Sputnik / Ада Багиан
Бацархайын хъӕуы ногазон фынг сцӕттӕ кӕнын ӕмӕ мандаринтӕ балхӕныныл дӕр.

12/13
© Sputnik / Ада Багиан
Ацы диссаджы ӕхсӕв алкӕмӕн дӕр ис йӕхи бӕлиццтӕ ӕмӕ сӕ уырны, Ног азы кӕй сӕххӕст уыдзысты.

13/13
© Sputnik / Ада Багиан
Ног азыл ӕнӕмитӕй кӕй ӕмбӕлӕм, уый бӕрӕгбонон зӕрдӕйыуагыл ӕндавы мӕгуырау.