Зӕгъойты Аланы англисаг клуб "Ньюкасл" хоны йе скондмӕ

© Sputnik / Алексей Беликов /  Ахизын медиабанкмæИрон футболист Зӕгъойты Алан
Ирон футболист Зӕгъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон футболистӕн æнхъарынц £10 милуаны (€13,5 млуан).

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Ӕфсӕддонты централон спортивон клубы (ЦӔСК) ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Алан гӕнӕн ис ӕмӕ хъазын райдайа Английы футболон клуб "Ньюкасл"-ӕн, хъусын кӕны Mirror.

"Ньюкасл" ныридӕгӕн ис Английы чемпионаты 18-ӕм бынаты. Ирон футболистӕн бритайнаг футболон клуб æнхъары £10 милуаны (€13,5 млуан).

"Клуб "Ньюкасл"-ы тренер Стив Макларен фехъусын кодта, йӕ командӕйы скондмӕ зымӕгон трансферон кампанийы рӕстӕджы ахадгӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕндимӕ, сӕ архайдӕй райгонд кӕй нӕу, уый аххосагӕн. Январы фӕнд кӕнынц Зӕгъойты Аланимӕ бафысын контакт", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Зӕгъойты Алан йӕ спортивон архайд фылдӕр бӕрцӕй кӕны ЦӔСК —ы. Ацы клубы сконды ахъазыд 182 матчы ӕмӕ бакъуырдта 43 пуртийы. Амӕй размӕ ма Зӕгъойты Аланы фӕхоныны фӕнд кодтой милайнаг "Интер" ӕмӕ лондойнаг "Арсенал" дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0