Хуссар Иры парламент ссис профессионалон

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутатон корпус 2016 азӕй фӕстӕмӕ кусдзӕн иудадзыг профессионалон бындурыл.

ЦХИНВАЛ, 31 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент ссис профессионалон, депутаттӕ бахастой ӕмбӕлон ивындзинӕдтӕ республикацийы Конституцимӕ, фехъусын кодтой Sputnik парламенты пресс-службӕйы.

Уынаффӕ хаст ӕрцыд закъондӕттӕг органы 2015 азы фӕстаг рабадты. Профессионалон парламент саразыны хъуыдыйыл сразы сты 23 депутаты, ӕхсӕз та уыдысты ацы фӕнды ныхмӕ.

Парламенты бынӕттон разамынад, закъондзинад ӕмӕ закъондӕттынады фӕдыл комитеты сӕрдар Коцты Олесяйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕй гъӕдджын куыст кӕнӕн парламенты ӕмӕ ма ӕмрӕстӕджы ӕндӕр бынаты дӕр.

"Мах хорз ӕмбарӕм, депутатӕн ис стыр куысты гуырахст ӕмӕ ахсы бирӕ рӕстӕг. Цас раст у, депутат ма ӕндӕр куыст дӕр кӕна, ӕмӕ ма дзы стӕй домой фӕстиуӕгджын куыст", — загъта Коцты Олеся.

Депутатон корпус кусдзӕн иудадзыг профессионалон бындурыл 2016 азӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0