Туркаг ирӕттӕ ногазон арфӕ ракодтой Хуссар Иры цӕрджытӕн

© Sputnik / Роин БибиловТуркаг ирӕттӕ ногазон арфӕ ракодтой Хуссар Иры цӕрджытӕн
Туркаг ирӕттӕ ногазон арфӕ ракодтой Хуссар Иры цӕрджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног аз ног хæрзтæ æрхæссæд Хуссар Ирыстонæн, загъта йӕ арфӕйы телы Турчы ирон диаспорӕйы минӕвар Хоситы Бурхан.

ЦХИНВАЛ, 31 дек — Sputnik. Турчы цӕрӕг ирӕттӕ ногазон арфӕ ракодтой Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ цӕрджытӕн. Арфæйы тел президент Тыбылты Леониды номыл иууыл хуыздӕр фæндиæгтимæ æрцыд Турчы ирон диаспорӕйы минӕвар Хоситы Бурханæй.

"Арфæ кæнын президентӕн, нæ иунæг хæдбар республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, мæ уарзон зынаргъ ирон адæмæн. Ног аз уын ног хæрзтæ æрхæссæд! Исты æнкъарддзинад, кæнæ рыст уæм кæд уыди, уæд уыдоны та зæронд аз йемæ ахæссæд!", — дзырдӕуы телы.

Хуссарирыстойнаг адӕмӕн Хаситы Бурханы цӕст бауарзта æнæниздзинад, амонд æмæ бирæ æнтыстытӕ.

"Хуыцау зæгъæд æмæ Ирон фарн, ирон кад æмæ намыс хуры тынты хуызæн батавæд Хуссар Ирыстоны. Уæ хæдзæрттæ бæркадджын æмæ фæрнæйдзаг уæд! Нæ иунæг хæдбар республикæйы тырыса фæйлауæд æнусты дæргъы", — раарфӕ кодта диаспорӕйы минӕвар.

Ног хабӕртты лентӕ
0