Тедеты Дзамболат ногӕй слӕудзӕн уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сæргъ

© Архивон къамИрон тренер Тедеты Дзамболат
Ирон тренер Тедеты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон тренер ӕрбалӕугӕ азы январы гӕнӕн ис ӕмӕ раздӕха уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы сӕйраг тренеры бынатмӕ. Ныры сӕйраг тренер Магомед Гусейнов баззайдзӕн тренерон штабы.

ЦХИНВАЛ, 31 дек — Sputnik. Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федерацийы сӕргълӕууӕг Михаил Мамиашвили фехъусын кодта, сӕ тренерон штабы кӕй ӕрцӕудзӕн ивындзинӕдтӕ ӕрбалӕугӕ азы — сӕйраг тренеры бынатӕй ацӕудзӕн Магомед Гусейнов. Специалистты хъуыдымӕ гӕсгӕ, йӕ бынатмӕ снысан кӕндзысты ирон тренер Тедеты Дзамболаты, хъусын кӕны Осетия Times.

Тедеты Дзамболат 2007 азы нымад ӕрцыд дунейы иууыл хуыздӕр спортивон тренерыл.

"Специалистты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2016 азы Олимпиадӕйы хӕдразмӕ Дзамболаты снысан кӕныны хъуыддаг Уӕрӕсейы хъӕбысхӕцджыты ракӕндзӕн лидерты нымӕцмӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Тедеты Дзамболат Уӕрӕсейы ӕмбырдгондӕн къухдариуӕгад лӕвӕрдта 2001 —2012 ӕзты. Йӕ куысты рӕстӕджы Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд ӕмбылдта ӕппӕт олимпиаг хъӕзтытӕ, дунейы ӕмӕ Европӕйы чемпионаттӕ.

Ӕмткӕй Уӕрӕсейы хъӕбысхӕцджытӕ йӕ къухдариуӕгады бын райстой 62 сыгъзӕрин майданы.

Ног хабӕртты лентӕ
0